Ахсджиаг этап: Бибылты Анатолий Хуссар Ир ӕмӕ ДАР ӕмгуыстады тыххӕй

© Пресс-служба президента РЮОРХИ ӕмӕ ДАР фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министртӕ радтой кӕрӕдзийӕн ратификацион грамотӕтӕ
РХИ ӕмӕ ДАР фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министртӕ радтой кӕрӕдзийӕн ратификацион грамотӕтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
РХИ ӕмӕ ДАР фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министртӕ радтой кӕрӕдзийӕн ратификацион грамотӕтӕ дыууӕ бӕстӕйы ӕмгуыстады бадзырды фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 24 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембӕлд къуырисӕры Донецкы Адӕмон Республикӕйы (ДАР) фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Наталья Никонороваимӕ. ДАР фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) делегацийы балц Цхинвалмӕ ацыд республикӕйы ӕхсӕн бадзырдтӕ райтынг кӕныны фӕлгӕтты, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

© Пресс-служба президента РЮОРХИ ӕмӕ ДАР фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министртӕ радтой кӕрӕдзийӕн ратификацион грамотӕтӕ
Ахсджиаг этап: Бибылты Анатолий Хуссар Ир ӕмӕ ДАР ӕмгуыстады тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ ӕмӕ ДАР фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министртӕ радтой кӕрӕдзийӕн ратификацион грамотӕтӕ

"Уӕ балц Хуссар Ирыстонмӕ баст у дыууӕварсон ахастыты ахсджиаг этапыл. Абон ацӕудзӕн ратификацион грамотаты баивд, ӕмгуыстад ӕмӕ хӕларады фӕдыл бадзырд бахиздзӕн тыхы. Фӕлӕ мах ныридӕгӕн ӕххӕст кӕнӕм бадзырдмӕ гӕсгӕ бӕрнтӕ. Ӕмгуыстад кӕнынц Хуссар Ирыстон ӕмӕ Донецкы Адӕмон Республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадтӕ. Дарддӕр дӕр райтынг кӕндзыстӕм не 'мгуыстад", — загъта Бибылты Анатолий уазджытӕн.

ДАР фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр загъта бузныг Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгадӕн ӕххуысы тыххӕй Донецкы Адӕмон Республикӕйы хӕдбардзинады банымады хъуыддаджы.

"2017 азы 11 майы мах бафыстам ӕмгуыстад ӕмӕ хӕларады фӕдыл бадзырд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕмгуыстад кӕнынц нӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадтӕ, базарадон-сӕудӕджерадон палататӕ, банктӕ. Абон бадзырд бахиздзӕн йӕ тыхы", — загъта Никонорова.

© SputnikРХИ ӕмӕ ДАР фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министртӕ радтой кӕрӕдзийӕн ратификацион грамотӕтӕ
Ахсджиаг этап: Бибылты Анатолий Хуссар Ир ӕмӕ ДАР ӕмгуыстады тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ ӕмӕ ДАР фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министртӕ радтой кӕрӕдзийӕн ратификацион грамотӕтӕ

Президентимӕ официалон фембӕлды фӕстӕ, РХИ ФХМ сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий сӕххӕст кодта ратификацион грамотӕты баивд йӕ коллегӕимӕ ДАР-ӕй.

Фембӕлды ма хайад райстой РХИ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады фыццаг хӕдивӕг Цхуырбаты Андрей ӕмӕ ДАР фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады фыццаг хӕдивӕг Сергей Пересада.

© Пресс-служба президента РЮОРХИ ӕмӕ ДАР фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министртӕ радтой кӕрӕдзийӕн ратификацион грамотӕтӕ
Ахсджиаг этап: Бибылты Анатолий Хуссар Ир ӕмӕ ДАР ӕмгуыстады тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ ӕмӕ ДАР фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министртӕ радтой кӕрӕдзийӕн ратификацион грамотӕтӕ

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0