ЦХИНВАЛ, 25 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры столицæйы Театралон фæзуаты æрбакодтой сæйраг Наз бæлас. Сæдæгай сабитæ æрæмбырд сты республикон фæзуатмæ, ирхæфстой сæ 25 Митын Дадайы, аргъæутты хъайтартæ æмæ зарæггæнджытæ.
Мадзалмæ сабитæ æрæмбырд сты канд горæтæй нæ, фæлæ ма районтæй дæр. Хæдтулгæты бынат кæмæн нæ разынд, уыдон хызтызты багажниктæй æмæ дугъ кодтой сæйраг Наз бæласы цурмæ.
25 Митын Дада, Митын чызджытæ, аргъæутты æмæ мультфильмты хъайтартимæ сабитæ кафгæ зылдысты сæйраг "хъайтары" алыварс. Ам бынат кæмæн нæ разынд, уыдон та чысыл къордтæй кафыдысты фæсфæдты.
Чысыл фæстæдæр сабиты бæрæгбонмæ æрбамбал ис президент дæр. Сæ иумæйаг сидты фæстæ ссудзын кодтой Наз бæлас.
"Ӕрбалæугæ Ног азы хорзæх уæ уæт, мæ чысыл хуртæ. Сымах нын стут иууыл рæсугъддæр, зондджындæр æмæ курдиатджындæр сабитæ дунейы", — загъта Бибылты Анатолий.
Сæйраг Наз бæласы цур кафт æмæ зарды номыртæ сæххæст кодтой ахуырдзаутæ сæхæдæг дæр.
Уый фæстæ сабиты ахуыдтой Паддзахадон театрмæ, цы ран æвдыст æрцыд аргъау "Сырх худ".
Ацы аз дыккаг хатт столицæйы хицæуттæ республикон фæзуаты сæвæрдтой ног рæсугъд кæнгæ Наз бæлас. Уый размæ азты-иу уым æрфысым ис удæгас Наз бæлас.