Хуссар Иры милицийӕн бахӕс кодтой ма бауадзын ӕхсын ногазон ӕхсӕвы

© Sputnik / Наталья АйриянНог аз Хуссар Ирыстоны
Ног аз Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады къухдариуӕгад бахӕс кодта фӕтыхджындӕр кӕнын ӕдасдзинады хъахъхъӕнынад ногазон бӕрӕгбӕтты рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 26 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорь бахӕс кодта барадхъахъхъӕнӕг органтӕн сӕххӕст кӕнын ӕнӕмӕнгхъӕугӕ мадзӕлттӕ ӕдасдзинадӕн, цӕмӕй бӕрӕгбӕттӕ ацӕуой ӕнӕ цаутӕй. Уый тыххӕй уагдоны сӕргълӕууӕг фехъусын кодта министрады къухдариуӕгады ацы азы фӕстаг оперативон рабадты рӕстӕджы, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Цхинвалы байстой ӕнӕлегалон пиротехникӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ивар гуыпгӕнӕнты тыххӕй: Цхинвалы байстой ӕнӕлегалон пиротехникӕ

Наниты Игорь банысан кодта, милицийы кусджытӕ кӕй ма хъуамӕ бауадзой хӕцӕнгарзӕй ӕхсын ногазон ӕхсӕвы.

Афтӕ ма ногазон бӕрӕгбӕтты рӕстӕджы сӕххӕст кӕндзысты уӕлӕмхасӕн мадзӕлттӕ, милицийы кусджытӕ рахиздзысты службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ.

Ноджы ма дарддӕр дӕр кусдзысты, цӕмӕй ма уадзой пиротехникӕ ӕмӕ нозт уӕй кӕнын, афтӕ ма назы бӕлӕстӕ ӕнӕзаконон калын.

Министр бахӕс кодта ма уадзын уӕй кӕнын ӕнӕлегалон фыдызгъӕлы продукци, кӕцы халы закондӕттынад цӕрджыты санитарон-эпидемиологон хӕрзвадаты фадыджы.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0