Ахуырады министрад балхæдта ногазон лæвæрттæ 9 650 сабийæн

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæНог аз
Ног аз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сабитæй сæдæ ногазон адджинæгты хызынтæ райсдзысты президенты къухтæй

ЦХИНВАЛ, 26 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ахуырады министрад балхæдта райдайæн скъолайы ахуырдзаутæн æмæ уыдонæй кæстæр сабитæн 10 минмæ æввахс ногазон лæвæрттæ. 9 650 адджинæгты хызынтæ уæрст æрцыдысты сабидæттыл æмæ скъолатыл, фехъусын кодта Sputnik министрады кусæг Тедеты Алена.

Ногазон лӕвӕрттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Митын Дада фæсарæнтæй: Цхинвалы интернаты ахуырдзаутæ райстой ногазон лæвæрттæ

Сабаты æппæт скъолаты дæр сывæллæтты рауадздзысты ногазон улæфтытæм, уæдмæ лæвæрттæ хъуамæ сæмбæлой сæ нысаныл.

"Ӕдæппæтæй Ахуырады министрад балхæдта 9 650 ногазон лæвары. Уыдон æрвыст æрцыдысты районтæм, ахуырадон уагдæттæм æмæ организацитæм, ацы бонты сæ райсдзæн поликлиникæ дæр. Ног азмæ хъуамæ республикæйы фæндзæм къласы онг кары сабитæ се ʻппæт дæр райсой сæ лæвæрттæ", — загъта Тедеты Алена.

Уый ма банысан кодта, ногазон лæвæрттæ 100 сабийы кæй райсдзысты "Президентон наз бæласы рæстæджы" Бибылты Анатолийы къухтæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0