ЦХИНВАЛ, 28 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министр Тадтаты Алан ӕмӕ Донецкы Адӕмон Республикӕйы УУМ сӕргълӕууӕг Алексей Кострубицкий бафыстой ӕхсӕнхицауадон бадзырд уӕлвӕткон уавӕртӕ аиуварс кӕныны фадыджы.
"2018 азы 27 декабры, ДАР уӕлвӕткон уавӕрты министрады рабадтты залы Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Донецкы Адӕмон Республикӕ бафыстой ӕхсӕнхицауадон бадзырд уӕлвӕткон уавӕртӕ аиуварс кӕныны фадыджы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Бадзырд ӕххӕст кӕндзӕн ӕмгуыстады райрӕзт уӕлвӕткон уавӕртӕ аиуварс кӕныны фадыджы. Бадзырдмӕ гӕсгӕ ӕххӕст кӕндзысты мадзӕлттӕ цӕмӕй рагфӕдзӕхст бакӕной уӕлвӕткон уавӕртӕ, баххуыс кӕной зианбаййафджытӕн, афтӕ ма бацӕттӕ кӕной квалификацигонд специалистты ацы фадыджы.
Афтӕ ма бадзырдмӕ гӕсгӕ уагъд цӕудзысты иумӕйаг конференцитӕ, кусӕгон рабадттӕ, тренингтӕ ӕмӕ ахуыртӕ.