Россотрудничество Хуссар Иры фехъусын кодта Уӕрӕсейы ахуыргӕнӕндӕттӕм райсты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянРоссотрудничество Хуссар Иры фехъусын кодта Уӕрӕсейы ахуыргӕнӕндӕттӕм райсты райдайӕны тыххӕй
Россотрудничество Хуссар Иры фехъусын кодта Уӕрӕсейы ахуыргӕнӕндӕттӕм райсты райдайӕны тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бацӕуын Уӕрӕсейы ахуыргӕнӕндӕтты бюджетон бынӕттӕм ис фадат Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ ацыдысты конкурсы дыууӕ этап

ЦХИНВАЛ, 28 дек - Sputnik. Россотрудничество Хуссар Ирыстоны минӕварад фехъусын кодта Уӕрӕсейы ахуыргӕнӕндӕттӕм райсты райдайӕны тыххӕй УФ хицауады квотӕтӕм гӕсгӕ 2019/2020 ахуырадон азмӕ, хъусын кӕны минӕварады пресс-службӕ.

МПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Россотрудничествойы сӕргълӕууӕг ӕрдзырдта УФ университеттӕм квотӕтыл

Лӕмбынӕг информаци гӕнӕн ис ссарын Россотрудничествойы официалон сайтыл.

"Ӕмбӕстӕгты райст уагъд цӕуы конкурсмӕ гӕсгӕ дыууӕ этапы. Фыццаг этап уагъд цӕудзӕн Хуссар Ирыстоны территорийыл. Дыккаг этап сӕххӕст кӕндзысты уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕдӕттӕ, кӕцытӕ цӕттӕ сты райсын конкурсы фыццаг этап ахизгӕ фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгты", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Консультациты датӕ ӕмӕ бынат фехъусын кӕндзысты анонсы, РХИ ахуырады министрадимӕ куы баныхас кӕной, уӕд.

Ног хабӕртты лентӕ
0