"Баззадтæ нæ зæрдæты": Ирыстоны мысынц Бесикы рухс ном

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæБесик
Бесик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зындгонд ирон богалтæ мыхуыр кæнынц социалон хызæджы сæ фæрстыл Къудухты Бесикы видеотæ æмæ тæфæрфæсы ныхæстæ, зынгӕ ирон хъӕбысӕйхӕцӕг фӕмард фондз азы размæ автомобилон катастрофӕйы

ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ирон номдзыд хъæбысхæцæг, олимпиаг хъæзтыты дыууæ хатты призер æмæ дунейы цыппар хатты чемпион Къудухты Бесикы сабаты мысынц Ирыстоны.

Фондз азы размæ 29 декабры 2013 азы автомобилон катастрофӕйы фæмард 27-аздзыд курдиатджын ирон хъæбысхæцæг Къудухты Бесик.

"Раст фондз азы нал дæ немæ… фæлæ æнустæм баззадтæ нæ зæрдæты", — ныффыста йæ фарсыл "Instagram"-ы дунейы чемпион Сидахъты Заур.

"Адæймаг цæры, цалынмæ йæ адæм хъуыды кæнынц. Абон фондз азы æххæст кæны Къудухты Бесикы мæлæтыл. Æз бирæ хатт дзырдтон, Бесик уыд æнахуыр сыгъдæг уды хицау, йæ зæрдæ та едзаг уыд уарзондзинадæй æмæ йын уарзтой йæхи дæр. Рухсаг у, Бесик. Дæу никуы ферох кæндзысты", — ныффыста йæ фарсыл "Instagram"-ы дыууæ хатты олимпиаг чемпион Фадзайты Арсен.

"Бесик, мах дæ хъуыды кæнæм, ды баззадтæ нæ зæрдæты", — мыхуыр кæны йæ фарсыл "Instagram"-ы Цæгат Ирыстоны уæгъдибар хъæбысхæсты сæйраг тренер Гозымты Хетæг.

Къудухты Бесик райгуырд 1986 азы Ленингоры районы Цхилоны хъæуы. Уæгъдибар хъæбысхæстæй ирон богал у дунейы цыппар хатты чемпион (2007, 2009, 2010, 2011 ӕзты), у 2007 азы Европæйы чемпион, 2008 азы Пекины Олимпиаг хъæзтыты бронзæйон призер æмæ 2012 азы Лондоны Олимпиаг хъæзтыты æвзист призер.

Бесикы ном ма хӕссынц уынгтæ Краснодары æмæ Хуссар Ирыстоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0