Хуссар Иры парламенты спикер хайад райста хӕрзаудӕн акцийы

© Пресс-служба парламента РЮОХуссар Иры парламенты спикер хайад райста хӕрзаудӕн акцийы
Хуссар Иры парламенты спикер хайад райста хӕрзаудӕн акцийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕрзаудӕн акци уагъд цӕуы республикӕйы дыккаг хатт

ЦХИНВАЛ, 29 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Гасситы Петр хайад райста "Бӕллицты фонтан" акцийы ӕмӕ систа ӕртӕ науы сывӕллӕтты ногазон бӕллицтимӕ, хъусын кӕны закондӕттӕн органы пресс-службӕ.

Хуссар Иры президент бакодта ногазон акци Бӕллицты фонтан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент бакодта ногазон акци "Бӕллицты фонтан"

Акци "Бӕллицты фонтан" дыккаг аз уагъд цӕуы Паддзахадон телерадиокомпани "Ир"-ы. Проекты хайад исынц Ленингоры интернат, Дзауы скъола-интернат, Цхинвалы интернаты сывӕллӕттӕ, афтӕ ма уӕззау низтимӕ ӕмӕ ӕххуысхъуаг бинонты сывӕллӕттӕ.

Спикер банысан кодта, фарон ын кӕй нӕ рауад хайад райсын акцийы ӕмӕ дзырд радта, ӕртӕ сывӕллон дӕр кӕй райсдзысты сӕ лӕвӕрттӕ Ног азмӕ.

Афтӕ ма Гасситы Петры цӕст бауарзта республикӕйы цӕрджытӕн сабырдзинад ӕмӕ бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад кӕй аразы алцыдӕр, цӕмӕй сывӕллӕттӕн уа хорз цард.

Ног хабӕртты лентӕ
0