Хуссар Иры МХМ: ногазон бæрæгбæттæ ацыдысты сабырæй

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад радта хыгъд ногазон бæрæгбæтты рæстæджы æхсæнадон фæтк бахъахъхъæныны фæдыл

ЦХИНВАЛ, 9 янв — Sputnik. Барадхъахъхъæнæг органтæ архайдтой æхсæнадон фæтк бахъахъхъæныныл æппæт ногазон бæрæгбæтты æмæ Цыппурсы рæстæджы республикæйы, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ.

"Барадхъахъхъæнæг органты кусджыты иузæрдион куысты фæрцы ногазон бæрæгбæтты æхсæнадон фæтк хæлд не рцыд", — банысан кодтой хъусинаджы.

Хуссар Ирыстоны МХМ 31 декабрæй рахызт фæтыхджындæргонд куысты вариантмæ. Уæлæмхас постытæ æмæ милицийы къордтæ куыстой мадзæлтты бынæтты, стæй ма сæ развæлгъау басгæрстой МСНК кусджытæ сæ куыйтимæ.

Ныридæгæн МХМ сконд кусы хуымæтæг режимы.

Ног хабӕртты лентӕ
0