Хуссар Иры президент сцыт кодта дзæнæттаг Уго Чавесæн

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент Бибылты Анатолий бацыд командантейы мемориал-зæппадзмæ
Президент Бибылты Анатолий бацыд командантейы мемориал-зæппадзмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны делегаци президенты сæргълæудæй ис Венесуэлайы дыууæбонон балцы, кæцыйы фæлгæтты уый хайад райсдзæн республикæйы разамонæг Николас Мадуройы инаугурацийы

ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий æмæ делегацийы уæнгтæ сцыт кодтой Венесуэлайы зынгæ паддзахадон архайæг дзæнæттаг Уго Чавесæн, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-секретарь Гасситы Дина.

Командантейы мемориал-зæппадзмæ бацæуыны рæстæджы Бибылты Анатолий зæрдыл æрлæууын кодта, Уго Чавесы уынаффæйæ Венесуэла кæй банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент сцыт кодта дзæнæттаг Уго Чавесæн
Хуссар Иры президент сцыт кодта дзæнæттаг Уго Чавесæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент сцыт кодта дзæнæттаг Уго Чавесæн

Венесуэлайы президенты йæ бынатмæ бацæуыны церемони ацæудзæн 10 январы 2019 азы Каракасы.

Бибылты Анатолиимæ кусæгон балцы ис фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий æмæ президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин.

Боливариаг Республикæ Венесуэла Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадта 2009 азы. Дыууæ бæстæйы хсæн фидаргонд æрцыдысты дипломатон ахастытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0