Транскам сыгъдæг кæнынц митæй: фæндаг нырма æхгæд у

© МЧС РЮОТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстоны хæхты митуард кæй фæлæууыд, уый фадат радта фæндагон службæтæн æрæвналын трассæ сыгъдæг кæнынмæ

ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik. Цæгат Ирыстоны фæндагон æмæ зæйты ныхмæ службæтæ æрæвнæлдтой Транскавказы автомагистраль митæй сыгъдæг кæнынмæ æмæ зæйтæ уадзынмæ. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта республикон УУМ пресс-службæйы къухдариуæггæнæг Юлия Старченко.

Дзауы район - Sputnik Хуссар Ирыстон
Миты ахæсты: Дзауы районы цыппар хъæумæ боныгъæд аскъуыдта бастдзинад

Транскам у иунæг фæндаг, кæцы иу æны Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ. Трассæ æрæхгæдтой къуырисæры митуард æмæ зæйты тыххæй.

"Боныгъæд фадат радта фæндагон æмæ зæйты ныхмæ службæтæн æрæвналын сæ куыстмæ Транскамыл. Арæзт цæуы æппæт дæр, цæмæй фæндаг йæ куыст сног кæна", — загъта Старченко.

Уый ницы прогнозтæ сарæзта, фæндаг кæд бакæндзысты, уый тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0