ЦХИНВАЛ, 11 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембæлд Сальвадоры сæргълæууæг Сальвадор Санчес Серенимæ йæ дыууæбонон балцы фæлгæтты Венесуэламæ, хъусын кæны бæстæйы сæргълæууæджы пресс-службæ.
Бибылты Анатолий банысан кодта, дыууæ республикæйæн кæй ис бирæ иудзинæдтæ, сæрмагондæй та сæрибардзинадыл тох.
"Мах иу кæнынц бирæ цыдæртæ, уыимæ иумæ Сальвадор æмæ Хуссар Ирыстоны тох сæрибар æмæ хæдбардзинады сæраппонд. Уыцы тохы Сальвадоры адæм сæхи равдыстой тынг аккагæй. Ныфс мæ ис, нæ зонгæдзинад кæй ахиздзæн хæларадмæ, æмæ æрмæст мах, президентты æхсæн нæ, фæлæ нæ адæмты хсæн дæр", - загъта уый.
Сальвадоры сæргълæууæг дæр равдыста ныфс, Хуссар Ирыстонимæ бастдзинæдтæ кæй адарддæр уыдзысты.
"Нæ политикæ у гом æппæт дунейы бæстæтæн дæр. Мах нымайæм, адæм размæ кæй рацæудзысты æрмæстдæр хæлардзинады бындурыл. Уый у нæ фыццаг, тынг ахсджиаг фембæлд æмæ нæ ныфс ис, нæ бастдзинæдтæ кæй райтынг уыдзысты", - бахахх кодта Сальвадоры президент.
Бибылты анатолий ма бафтыдта, Хуссар Ирыстон йæ партнертæн алыхатт дæр кæй у иузæрдион æмбал, дæнцæгæн æрхаста республикæйы бирææнусон хæлардзинад Уæрæсеимæ. Афтæ ма уый радзырдта æндæр бæстæты тыххæй дæр, кæцытимæ Хуссар Ир самадта цæдисон ахастытæ йæ ног историйы.
Бибылты Анатолий ис дыууæбонон балцы Венесуэлайы, кæцыйы фæлгæтты уый фæнд кæны фембæлын Латинаг Америкæйы къорд бæстæты сæргълæуджытимæ.