Цалдæр куыстбынат ахсджыты бæрæг кæндзысты фæллойадон бадзырдты руаджы

© Sputnik / Михаил Мордасов /  Ахизын медиабанкмæФæллойадон бадзырд
Фæллойадон бадзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæ кæнæ фылдæр куыстбынат цы бюджетон уагдæтты кусджытæ ахсынц, уыдоныл уынаффæ цыд хицауады рауæрæхгонд рабадтыл

ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент бахæс кодта юстицийы министрад æмæ хицауады аппаратæн 10 боны æмгъуыдмæ саразын фæллойадон бадзырдты хуызæгтæ, кæцытæ фидаргонд цæудзысты кусæг æмæ куыстдæттæджы хсæн бынатмæ исыны рæстæджы. Уый фадат ратдзæн цалдæр куыстбынат ахсджыты бæрæгкæнынæн.

Президент Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий фехъусын кодта цалдæр бынæтты кусджыты нымæц

Ныридæгæн паддзахадон уагдæтты фылдæр, ног кусджыты куыстмæ исгæйæ, нæ бафыссынц уыдонимæ фæллойадон бадзырдтæ.

"Уый фæахъаз уыдзæн цалдæр куыстбынат ахсджыты бæрæг кæнынæн. Хъæуы саразын фæллойадон бадзырдты бындурыл кусджыты базæ. Науæд кæцыдæр къухдариуæггæнджытæ фæивынц сæ кусджыты хисæрмагонд бæрæггæнæнтæ, цæмæй ма зына, цал бынаты кусынц, уый", - загъта президент хицауады рауæрæхгонд рабадтыл.

Бæстæйы сæргълæууæг бамбарын кодта, фæллойадон бадзырдтæм рахыст кæй æрнывыл кæндзæн куысты системæ, ссæрибар кæндзæн куысты бынæттæ.

Бибылты Анатолий бахæс кодта хицауады сæрдар Пухаты Эрикæн стыр хъусдард аздахын ацы фарстмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0