00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главыне темы
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
09:37
18 Мин
Утро на Спутнике
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Президент бахæс кодта æртаджы аргъ фæкъаддæр кæнын

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент
Президент   - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æртаджы æмæ электронон рухсы æргътыл уынаффæ цыд паддзахады сæргълæууæджы фембæлды рæстæджы вице-премьер – экономикæйы министр Бекъойты Геннадиимæ

ЦХИНВАЛ, 16 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахæс кодта фæкъаддæр кæнын æртаджы æргътæ. Фарстыл уынаффæ цыд вице-премьер – экономикæйы министр Бекъойты Геннадиимæ фембæлды рæстæджы.

Ныридæгæн паддзахадон амалиуæгад "Югосетнефтепродукт"-ы æртагкæнæн станцты АИ-92 маркæйы бензин уæй цæуы 38 сомыл, дизелон æртаг - 46 сомы

"Ӕз нымайын, æргътæ сты æгæр бæрзонд. Кæд махмæ ис æртаджы æргътæ чи нывыл кæны ахæм уагдон "Югосетнефтепродукт", уæд уый хъуамæ тагъд архайа æддагон æргъты ивындзинæдты рæстæджы", - радæтта президенты ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Бибылты Анатолий банхъардта бакусын æртаджы аргъы фарстыл фæсарæнты æргътæ хынцгæйæ.

"Бензины аргъ хъуамæ ма хиза 35 сомæй æмæ дизелон æртаг та 43 сомæй. Мæн фæндит, цæмæй æргътæ æмбæлон уагмæ æркæнат 1 февральмæ, кæцытæ уыдзысты фæсарæнты аргъты æнгæс", - загъта президент.

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий фембæлд вице-премьер – экономикæйы министр Бекъойты Геннадиимæ
Президент бахæс кодта æртаджы аргъ фæкъаддæр кæнын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий фембæлд вице-премьер – экономикæйы министр Бекъойты Геннадиимæ

Паддзахады разамонæг бафтыдта, ахæм мадзæлттæ хъæуы райсын электроэнергийы æргъты фæдыл дæр, цæмæй амалиуæггæнджытæн хуыздæр уавæртæ арæзт æрцæуой кусынæн.

"Электроэнергийы æргътæ фæкъаддæр кæнын хъæуы 25-30 копеччы бæрц, уый хорзырдæм бандавдзæн амалиуæггæнджыты куыстыл", – загъта Бибылты Анатолий.

Вице-премьер баныфсæвæрдта, президенты хæслæвæрдтæ æххæст цæудзысты.

"Бакусдзыстæм æртаджы аргъ 1 февральмæ фæкъаддæр кæныныл. Электроэнергимæ цы хауы, кæй зæгъын æй хъæуы, амалиуæггæнджытæн хъæуы æххуыс кæнын", - загъта Бекъойты Геннадий.

Ног хабӕртты лентӕ
0