Дзæуджыхъæуы фесæфт 16-аздзыд Дзасохты Диана

© МВД РФ по РСО-АДзасохты Диана Аланы чызг
Дзасохты Диана Аланы чызг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Чызджы агурынц барадхъахъхъæнæг органтæ, уый хæдзарæй ацыд ивгъуыд майрæмбоны

ЦХИНВАЛ, 16 янв - Sputnik. Цæгат Ирыстоны полици агуры 16-аздзыд Дзасохты Дианайы, чызджы фесæфыны тыххæй информаци ныммыхуыр кодта МХМ пресс-службæ.

"Полици агуры æнахъом Дзасохты Диана Аланы чызджы, 2002 азы гуырд, кæцы 2019 азы 11 январы æмбисбонмæ æввахс ацыд хæдзарæй æмæ нал æрбаздæхт", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.

Чызджы нысæнттæ - ас 166 см, сау сæрыхил йæ уæхсджыты онг, йæ роцъойыл чысыл дзыхъхъ. Конд ыл уыд сау сæрак курткæ, тарцъæх хæлаф æмæ сау дзабыртæ.

Чызджы тыххæй исты информаци зонæг адæммæ хатынц фæдзурын ахæм номыртыл: 59-65-00, 74-03-97, 59-46-99.

Ног хабӕртты лентӕ
0