Театры ног директор президентимæ фембæлды: æз сарæхсдзæн

© Sputnik / Наталья АйриянТеатр
Театр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады разамонæг фембæлд театры æрæджы снысангонд директор Уалыты Мадинæимæ, уый ныфс бавæрдта, æппæт дæр саразын, цæмæй мæ фæмæнг кæна бæстæйы къухдариуæгады æууæнк

ЦХИНВАЛ, 17 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны разамынад кæндзæн æппæтварсон æххуыс Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театрæн, загъта президент Бибылты Анатолий ног директор Уалыты Мадинæимæ фембæлды рæстæджы, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

Уалыты Мадинæ директорæй нысан æрцыд ивгъуыд къуырийы кæрон, ацы бынаты уый раивта Къацты Филиппы

"Тынг хорз зоныс аивад. Уымæй уæлдай, дæм ис организаторон архæстдзинад, мæн уырны, уый фæахъаз уыдзæн дæ разы лæугæ хæстæ сæххæст кæнынæн", – загъта президент театры директорæн.

Уалыты Мадинæ баныфсæвæрдта æппæтдæр саразын, цæмæй разамынады ныфс ма фæмæнг кæна.

© Пресс-служба президента РЮОПаддзахады разамонæг фембæлд театры æрæджы снысангонд директор Уалыты Мадинæимæ
Театры ног директор президентимæ фембæлды: æз сарæхсдзæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахады разамонæг фембæлд театры æрæджы снысангонд директор Уалыты Мадинæимæ

"Ӕз æмбарын цы стыр бæрн мыл æрцыд æвæрд. Цы нысан мын сæвæрдтай, уый хуымæтæг нæу, фæлæ сарæхсдзæн", – загъта Мадинæ

Йæ нæхæстæм гæсгæ, театры ис бирæ проблемæтæ, "фæлæ коллективы æххуысæй скъуыддзаг цæудзысты".

 

Ног хабӕртты лентӕ
0