Ног зæйтæ: Транскам уыдзæн æхгæд ноджы иу суткæ

© Sputnik / Denis Abramov /  Ахизын медиабанкмæЗæйтæ
Зæйтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Трасса æхгæд у æртыккаг бон, æвзæр боныгъæд æмæ зæйтæ фадат нæ дæттынц фæндаджы уæлцъар расыгъдæг кæнын миты хъæпæнтæй

ЦХИНВАЛ, 17 янв – Sputnik, Козаты Диана. Транскавказы автомагистраль фæндагон змæлдæн цыппæрæмы не ʻрбакæндзысты, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны УУМ пресс-службæйы.

Фæндаг у æхгæд дыццæджы изæрæй, Цæгат Ирыстоны хæхты æртыккаг бон нæ лæууы митуард.

"Трассæмæ ʻрцыд ног зæйтæ. Фæндагон службæтæ аразынц æппæтдæр, фæлæ сын боныгъæд æвæры ног цæлхдуртæ сæ разы. Транскам абон нæ бакæндзысты", - загътой УУМ-ы.

Агентады ныхасæмбал бафтыдта, кæд боныгъæд фæхуыздæр уа, уæддæр фæндагон службæтæ тагъд нæ фæтых уыдзысты сыгъдæгкæнинаг митыл. Уымæй дарддæр ма бахъæудзæн рацæуынæй цы зæйтæн у тас, уыдон фехсын.

Транскамы хуссар фарс сыгъдæг у митæй æмæ цæттæ у хуымæтæг режимы кусынмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0