ЦХИНВАЛ, 17 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны экономикон райрæзты министр, хицауады сæрдары хæдивæг Бекъойты Геннадий банысан кодта, бæстæйы къухдариуæгад кæй адарддæр кæндзæн инвестпроекттæм хъусдард, кæцытæ реализацигонд цæуынц республикæйы. Уый тыххæй хъусын кæны æххæстгæнæн органы пресс-службæ.
Инвестпроекттæ равзарыны фæдыл къамисы рабадты, кæцы ацыд Бекъойты Геннадийы сæргълæудæй, æруынаффæ кодтой фирмæ "Натурплант"-æн йæ ифтонгады хæрдзты иу хай бафидыныл.
"Дзырд цæуы ифтонгады аргъы 30% бафидыныл. Уый у ахсджиаг æххуыс астæуккаг бизнесы райрæзтæн", - банысан кодта экономикон райрæзты министр.
Къамисы уæнгтæ ма æркастысты министрады хатдзæгтæм, проект хицауады домæнтæн дзуапп дæтты æви нæ, уый фæдыл.