Доныскъæфæнтæ ирон адæммæ: ерыс, сусæгдзинад æмæ хæрзиуæг

© фергана newsДоныскъæфæнтæ
Доныскъæфæнтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рагон æгъдаумæ гæсгæ, доныскъæфæнты бинонты кæстæр сусæгæй сæумæрайсом хъуамæ фæфыццаг уа суадонмæ æмæ бæрæгбоны хæрзиуджытæй сифтонг кæна йæ бинонты

ЦХИНВАЛ, 18 янв – Sputnik, Плиты Фатимæ. Сабаты, 19 январы ирон адæм банысан кæндзысты Доныскъæфæнтæ. Чырыстон дунейы ацы бæрæгбон у иууыл ахсджиагдæртæй сæ иу - Чырыстийы донаргъуыды райст.

Рагон ирон æгъдау домы сæумæрайсом æппæты раздæр суадонæй дон сыскъæфын æмæ йæ хæрзиуджытæй азмæ дæ хæдзар сфæрнджын кæнын.

Стыр Комдарæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Стыр Комдарæн

Ирон литературæйы профессор Плиты Гацыр радзырдта Sputnik доныскъæфæнты нысаниуæг æмæ сусæгдзинæдты тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, дон схæссыны бæрн хауд бинонты кæстæрмæ.

"Алцæмæй дæр фæдзæхстой сæхи. Ӕхсæв-иу фæбадтысты суанг бонмæ. Æмæ сæумæрайсом бинонты кæстæр лæппу згъордта донмæ. Канд бинонтæй раздæр нæ, фæлæ хъуамæ хъæубæсты разæй фæцырд уа суадонмæ æмæ схæсса дон, стæй йæ мачи фена, афтæмæй. Кæд хæдзары лæппу нæ уыд, уæд ацы бæрн хаудта чызгмæ, кæд чызг дæр нæ уа, уæд чындзæн æнæ донсхæсгæ нæй", - радзырдта Плиты Гацыр.

Уый фæстæ æгъдау донхæссæгæй домта хæдзары къултæ сыгъдæг донæй бапырх кæнын, хистæрмæ донæй нуазæн радтын.

"Хистæрмæ дзы нуазæны хуызы хъуамæ радта, уый ракувы æмæ сæ донæй дæр бафæдзæхсы. Куывтой Хуыцаумæ, Уастырджымæ, Бынаты хицаумæ. Сæхи фæдзæхстой, цæмæй сын амондхæссæг уой азы дæргъы. Нымад цыд, донæй рæсугъддæр æмæ сыгъдæгдæр кæй ницы ис, уæлдай дæр бон куы дзедзы кæна, афтæ кæй схæссай, уыцы дон, уæд дзы фыдбылызтæ нæй. Доныскъæфæн боны размæ æхсæв та хуыдтой хæйрæджыты æхсæв", - радзырдта профессор.

Уый ма радзырдта, доныскъæфæнты æгъдæутты хицæндзинæдтæ кæй ис районты æмæ хъæуты ʻхсæн дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0