Хуссар Иры райсдзысты уæлæмхас мадзæлттæ гриппы профилактикæйы тыххæй

© Sputnik / Александр Кондратюк /  Ахизын медиабанкмæГрипп
Грипп - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рынчынкæнынады æмвæзад республикæйы нæ фæбæрзонддæр ис ивгъуыд æзты бæрæггæнæнтæй, уымæ æнæкæсгæйæ уагъд цæуынц профилактикон мадзæлттæгриппæй рынчынты нымæц ма фæфылдæр кæныны фæдыл

ЦХИНВАЛ, 21 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ социалон райрæзты министрад исы мадзæлттæ, цæмæй республикæйы ма фæфылдæр уа грипп æмæ "ОРВИ"-йæ рынчынты нымæц. Уый тыххæй фехъусын кодтой иумæйаг рабадты, кæцы ацыд æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тотчиты Георгий æмæ сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринайы сæргълæудæй.

Арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арæнгæрон службæйы хистæр радзырдта "хуыты гриппы" ныхмæ мадзæлттыл

Коцты Марина банысан кодта, 2019 азы æртыккаг къуырийы бæрæггæнæнтæ нæ фæфылдæр сты ивгъуыд æзты аналогион периоды бæрæггæнæнтæй. Уымæ æнæкæсгæйæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, уагъд цæуынц профилактикон мадзæлттæ гриппæй рынчынты нымæц ма фæфылдæр кæныны фæдыл.

"Уыцы мадзæлттæ ма хъуамæ райсой районты администрациты, медицинон æмæ ахуырадон уагдæтты сæргълæуджытæ", - бахахх кодта уый.

Ныридæгæн райсгæ мадзæлтты нымæцы министр Тотчиты Георгий та ранымадта уадзæн пункттыл басгæрсты фæкарздæр, санитарон-дезинфекцион куыст фæтыхджындæр кæнын, æнæмæнгхъæуæг препаратты фæстауæрц æмæ æнд.

Ног хабӕртты лентӕ
0