Дунейæ иппæрд: Дзауы районы хъæутæ рахызтысты миты ахæстæй

© Пресс-служба Дзауского районаХъæутæм фæндаг
Хъæутæм фæндаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерман, Едыс, Къусджытæ æмæ Ручы хъæутæ цалдæр боны уыдысты миты ахæсты

ЦХИНВАЛ, 22 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы æппæт хъæутæм дæр айгæрстой фæндæгтæ. Иууыл фылдæр рæстæг миты ахæсты баззадысты бæрзонд хæххон хъæутæ Ерман, Едыс, Къусджытæ æмæ Рукъ, фехъусын кодта Sputnik районы пресс-секретарь Тедеты Лиана.

Стыр митуардтæ азы райдайæнæй фæстæмæ фæндагон бастдзинæдтæ аскъуынынц бæрзонд хæххон хъæутæ æмæ æддагон дунеимæ.

"Районы цæрæн-коммуналон хæдзарады кусджытæ фесты фæндагсыгъдæггæнæг куыстытæ хъæутæм. Иуæй-иу хъæутæм метры бæрзæндæн мит ныууарыд. Районон центрæй кæцыдæр хъæутæ уыдысты æртæ æмæ уымæй фылдæр боны иппæрд. Едыс, Къусджытæ æмæ Рукмæ фæндæгтыл афæнд кæныныл куыст цыд цалдæр боны, фæстаг фæндагон бастдзинад сног кодтой Ерманы хъæумæ дæр", - загъта Тедеты Лиана.

Уый банысан кодта, ныридæгæн ма фæндагон бастдзинадимæ проблемæтæ кæй ис горæт Къуаисамæ хæстæг хъæу Къозы.

© Пресс-служба Дзауского районаХъæутæм фæндаг
Дунейæ иппæрд: Дзауы районы хъæутæ рахызтысты миты ахæстæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъæутæм фæндаг
Ног хабӕртты лентӕ
0