Хуссар Иры парламент сразы ис ДАР æмæ ЛАР-имæ бадзырдтыл

© Sputnik / Алексей КовалевПарламент
Парламент   - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутаттæ схъæлæс кодтой гимны фæдыл ног законы тыххæй, кæцыйы æрмных кодтой конституциимæ

ЦХИНВАЛ, 23 янв - Sputnik. Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæты закондæттæг органтимæ бадзырдыл сарзы сты Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ дыццæджы, хъусын кæны закондæттæг органы пресс-службæ.

Сразы сты æмхъæлæсæй

Фарст уынаффæмæ рахаста æддагон политикæйы æмæ æхсæнпарламент бастдзинæдты комитеты хистæр Коцты Игорь.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ДАР бадзырд сфидар кæнын фæнд кæнынц февралы-марты парламенты делегацийы балцы рæстæджы Донецкмæ.

Депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты бадзырдыл.

Сириимæ хæларады къорд

Коцты Игорь ма уынаффæмæ рахаста фарст Сирийы адæмон советимæ æмгуыстады фæдыл æдзухон хæларадон къорд Хуссар Иры парламенты.

"ХИ æмæ САР парламентты депутаттæ бадзырдтой сфидар кæнын хæларады къорд. Йæ сконд ивдзæн депутатты фæндмæ гæсгæ, кæд сæ бафæнда къорды сконды кусын,уæд", - загъта Коцты Игорь.

Хуссар Ир æмæ Сирийы тырысатæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир æмæ Сирийы минæвæрттæ фембæлдысты Мæскуыйы

Уый ма бафтыдта, Транскамы уавæр хынцгæйæ, аскъуыддзаг æрцыд, Сирийы делегацийы æрцыд снысан кæнын уалдзæгмæ.

Спикер Гасситы Петры ныхæстæм гæсгæ, Сирийы адæмон республикæ райста сæ хуынд ХИ рæуыны фæдыл.

"Апреле Сирийы делегаци фæнд кæны махмæ фæуазæг уæвын. Уый уыдзæн сæ фыццаг официалон балц, кæцыйы фæлгæтты хъуамæ фидар æрцæуа Хæларад æмæ æмгуыстады бадзырд", - загъта спикер.

Парламенты депутаттæ сразы сты фарстыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0