Цхинвайлаг богал стох кæндзæн Цæгат Иры фыццагады

© Из архива Т.КочиеваЦхинвайлаг богал стох кæндзæн Андиаты Сосланы номарæн турниры
Цхинвайлаг богал стох кæндзæн Андиаты Сосланы номарæн турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зассеты Арсæмæг, Дзæгъиаты Сослан æмæ Плиты Владиславы хайадист та баст у Транскамы æрбакæндимæ

ЦХИНВАЛ, 23 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны хъæбысхæсты секцийы хъомылгæнинаг Бестауты Андрей стох кæндзæн Цæгат Ирыстоны фыццагады юниорты хсæн. Ноджы ма республикæйы æртæ тыхджындæр хъæбысхæцæджы хайадисты хъысмæт та баст у Транскамы уавæримæ, фехъусын кодта Sputnik сæ тренер Коцты Тамерлан.

Ирон богалтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыууæ цхинвайлаг богалы рамбылдтой Дыгуры турнир

Турнир нывонд у Советон цæдисы сгуых тренер, дыууæ хатты олимпиаг чемпион Андиаты Сосланæн.

"Бестауты Андрей афтыд Дзæуджыхъæумæ Транскамы æрæхгæды размæ, уымæ гæсгæ йын фадат ис стох кæнын ерысты. Аннæ хорз цæттæ богалтæ Зассеты Арсæмæг, Дзæгъиаты Сослан æмæ Плиты Владислав æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц фæндаджы æрбакондмæ. Абон фæндагон бастдзинад Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ʻхсæн куыннæ фæзына, уæд лæппутæ нал бахаудзысты ерыстæм", - загъта тренер.

Ерысты, кæцытæ ацæудзысты 24-25 январы, архайдзæн 150 богалы. Йæ хатдзæгтæм гæсгæ хъæбысхæцджытæ райсдзысты балцæгтæ ЦКФЗ фыццагадмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0