Цхинвал фехъусын кодта, Венесуэлæйы æвзæрст президенты фарсмæ кæй лæууы

© Sputnik / Сергей Гунеев /  Ахизын медиабанкмæНиколас Мадуро
Николас Мадуро - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны æддагполитикон уагдон срæзта комментаритæ Венесуэлæйы цаутæн

ЦХИНВАЛ, 24 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстон лæууы Венесуэлæйы барадон нормæтæм гæсгæ æвзæрст президент Николас Мадуройы æмæ йæ архайдтыты цур, кæцытæ здæхт сты уавæр конституцион нормæтæм æркæнын æмæ тугкалд ма руадзынмæ, хъусын кæны РХИ ФХМ пресс-службæ цыппрæрæмы.

Уым банысан кодтой, Цхинвалы кæй катай кæнынц республикæйы уавæрыл.

Хуссар Иры делегаци фæуазæг Венесуэламæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры делегаци фæуазæг Венесуэламæ

"Венесуэлæйы мидæггагон хъуыддæгтæм æддагон æндæвдад райста тæссаг хуыз. Æвиппайды АИШ æмæ ноджы æндæр бæстæты хъусинæгтæ дзурæг сты æддагон æндæвдад рагæй цæттæ кодтой æмæ сæ архайд зæдæхт у Венесуэлæйы паддзахад ныппырх кæнынмæ", - дзырдæуы хъусинаджы.

ФХМ бахахх кодтой, Венесуэлæйы мидæггагон хъуыдæгтæм æддагон æндæвдад кæй нымайынц æнæруадзгæ цауыл.

"Ацы интервенци кæны конституцион бындурты фæцудыдмæ æмæ бæстæйы дестабилизацимæ. АИШ æмæ æндæр бæстæты ахæм лини нымайæм тæссагыл регионалон æмæ æхсæнадæмон æдасдзинадæн, - бахахх кодтой уагдоны.

Венесуэлæйы парламенты спикер Хуан Гуаидо æртыццæджы йæхи схуыдта рæстæгмæ хицауады хистæры хæстæ æххæстгæнæг. АИШ фехъусын кодтой Хуан Гуаидойы кæй нымайынц æмæ æрдомтой Николас Мадуройæ тыхæй пайда ма руадзын.

Венесуэæйы цæуынц хицауады ныхмæ митингтæ.

Венесуэлæ банымадта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад 2009 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0