Президент студенттæн: сымах хъуамæ æркæнат республикæ дидинæфтыдмæ

© Sputnik / Сергей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæСтуденты бон
Студенты бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны майрæмбоны ныман кæнынц Студенты бон, бæрæгбоны цытæн фæсивæдæн раарфæ кодта президент Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 25 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны студентты разы лæууынц серьезон хæстæ республикæйы дарддæры райрæзт æмæ йæ дидинæфтыдмæ æркæныны фæдыл, дзырдæуы президент Бибылты Анатолийы арфæйы Студенты боны цытæн.

Бæстæйы сæргълæууæг равдыста ныфс, студенттæ абон цы зонындзинæдтæ исынц, уыдон кæй суыдзысты республикæйы  æнтыстджын райрæзты бындур.

"Ахуыр æмæ зондджын адæмæн кæддæриддæр стыр кад уыд. Уымæ гæсгæ сымах, абоны студенттæ, хъуамæ æмбарат, уæ разы кæй лæууынц серьезон хæстæ республикæйы социалон инфраструктурæйы дарддæры райрæзт æмæ йæ дидинæфтыдмæ æркæныны фæдыл", - дзырдæуы арфæйы.

Бибылты Анатолийы цæст бауарзта алкæцы студентæн дæр æнæниздзинад, иттæг хорз ахуыр æмæ æгæрон сфæлдыстадон энерги.

Ног хабӕртты лентӕ
0