ЦХИНВАЛ, 28 янв — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы фӕци республикон турнир уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй юниорты ӕхсӕн, хъусын кӕны 15-регион.
Ерыстӕ, кӕцытӕ нывонд уыдысты ССРЦ сгуыхт тренер Андиты Сергейы мысӕнӕн, рабӕрӕг кодтой Ирыстоны тыхджындӕр спортсменты дӕс уӕзы категорийы. Турнир ӕрӕмбырд кодта 150 хъӕбысхӕцӕджы.
Турниры уӕлахиздзаутӕ ссисты Гаглойты Зауыр (57 килограмм), Хъазбег Салмурзаев (61 килограмм), Алик Биганашвили (65 килограмм), Калоты Сослан (70 килограмм), Тыджыты Арсен (74 килограмм), Тыджыты Зауыр (79 килограмм), Дзӕгъиаты Сослан (86 килограмм), Багаты Алан (92 килограмм), Зассеты Арсӕмӕг (97 килограмм) ӕмӕ Козырты Сергей (125 килограмм).
Турниры уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ райстой бар хайад райсын Цӕгат Кавказы федералон зылды ерысты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй юниорты ӕхсӕн, кӕцы ацӕудзӕн 16-18 февралы Нальчикы.