ЦХИНВАЛ, 28 янв – Sputnik. Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайад хуыздӕр кӕндзӕн йӕ оперативон-службӕйон архайд, фидар кӕндзӕн законад ӕмӕ барадон фӕтк, загъта хатдзӕгон рабадты рӕстӕджы столицӕйы мидхъуыддӕгты хайады сӕргълӕууӕг, милицийы булкъон Мӕргъиты Уырызмӕг.
Мидхъуыддӕгты хайады ацыд рабадт, цы ран хатдзӕгтӕ скодтой оперативон-службӕйон архайдӕн, хъусын кӕны къуырисӕры мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ. Рабадты хайад райстой министры фыццаг хӕдивӕг – криминалон милицийы хистӕр, милицийы булкъон Цхуырбаты Андрей, Цхинвалы прокурор Джабиты Артур ӕмӕ горӕты администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Пухаты Дмитрий.
"Иумӕйагӕй, 2017 азмӕ абаргӕйӕ, нӕ куыст фӕхуыздӕр ис. Горӕты мидхъуыддӕгты хайад хуыздӕр кӕндзӕн йӕ оперативон-службӕйон архайд, фидар кӕндзӕн законад ӕмӕ барадон фӕтк, фылдӕр кӕндзӕн профессионалон цӕттӕкӕнынад", - загъта Мӕргъиты Уырызмӕг.
Уый ма бафтыдта, ӕхсӕнадон ӕдасдзинады милицийы кусджытӕ хорз ахаст кӕй дарынц сӕ службӕйон хӕслӕвӕрдтӕм.
"Ӕнахъомты фӕдыл хайады кусджытӕ уадзынц профилактикон куыст горӕты скъолаты ӕмӕ ӕххуысхъуаг бинонты хсӕн", - загъта мидхъуыддӕгты хайады сӕргълӕууӕг.
Мидхъуыддӕгты министры хӕдивӕг Цхуырбаты Андрей банысан кодта, хайады куыст кӕй фӕхуыздӕр ис, дарддӕр хъӕуы активонӕй кусын раздӕры фыдракӕндтӕ бӕрӕг кӕныныл.
Цхинвалы прокурор загъта бузныг хайады кусджытӕн сӕ куысты тыххӕй ӕмӕ бахахх кодта, бӕрӕггӕнӕнтӕ фӕхуыздӕр кӕныны тыххӕй кусджытӕ кӕй хъуамӕ ахуыр кӕной уголовон кодекс ӕмӕ ӕндӕр законтӕ.
Столицӕйы мэры хӕдивӕг Пухаты Дмитрий загъта бузныг мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕн "сӕ хорз оперативон-службӕйон архайды тыххӕй горӕты цӕрджыты хӕрзӕбонӕн".