Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрады делегаци ӕрцӕуы Цхинвалмӕ

© Sputnik / Ада БагианРХИ хицауад
РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УФ Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрады минӕвӕрттӕ ауадздзысты кусӕгон фембӕлд Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдаримӕ ӕмӕ ӕрдзурдзысты фидӕны Инвестпрограммӕйыл

ЦХИНВАЛ, 29 янв - Sputnik. Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл уӕрӕсейаг министрады делегаци ӕхсӕнадӕмон ӕмгуыстады департаменты директор Антон Мельникы сӕргълӕудӕй ӕрцӕудзӕн дыццӕджы Хуссар Ирыстоны столицӕмӕ.

Делегацийы уӕнгтӕ сӕ балцы рӕстӕджы ауадздзысты кусӕгон фембӕлд Пухаты Эрикимӕ, хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ.

"Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрады минӕвӕрттӕ ӕрдзурдзысты хицауады къухдариуӕгадимӕ сразыдзинӕдты реализацийыл, кӕцытӕ бафыстой 2019 азы ӕмгуыстад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл Бадзырды фӕлгӕтты, афтӕ ма бабӕрӕг кӕндзысты 2018-2019 ӕзты Инвестицион программӕйы объекттӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма делегаци ауадздзӕн рабадт хицауады уӕнгтимӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн социалон-экономикон ӕмгуыстады фарстыты фӕдыл, се хсӕн 2020-2022 ӕзты Инвестпрограммӕйы проекты арӕзтадыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0