Номдзыд ирон сумоист Хъараты Аланы хоскæнынад адарддæр кæндзысты Японийы

© 15-регионХъараты Алан
Хъараты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Номдзыд спортсмен амæйразмæ бахауд Цæгат-Кавказы бирæпрофилон медцентрмæ уæззау уавæры, дохтыртæ йын сарæзтой æртæ операцийы йæ зæрдæйыл

ЦХИНВАЛ, 29 янв — Sputnik. Цæгатирыстойнаг номдзыд спортсмен, сумойæ дунейы авд хатты чемпион, дунейы фондз хатты чемпион армрестлингæй Хъараты Аланы аласдзысты Японимæ дарддæр хоскæнынады тыххæй. Уый тыххæй социалон хызæг Facebook йæ фарсыл фехъусын кодта спортсмены хæлар, Паддзахадон думæйы депутаты æххуысгæнæг Уæдаты Эдуард.

Сумойæ дунейы чемпион Хъараты Аланæн сарæзтой æртыккаг операци йæ зæрдæйыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сумойæ дунейы чемпион Хъараты Аланæн сарæзтой æртыккаг операци йæ зæрдæйыл

Номдзыд спортсмен амæйразмæ бахауд Цæгат-Кавказы бирæпрофилон медцентрмæ уæззау уавæры. Дохтыртæ йын сарæзтой æртæ операцийы, сæ нымæцы вазыгджын, кæцы цыд 12 сахаты бæрц.Операцийы рæстæджы Хъараты Алан бирæ туг кæй фесæфта, уый хынцгæйæ социалон хызæгты активисттæ сарæзтой флэшмоб, цы ран сидтысты туг радтын спортсмены тыххæй.

"Японийы премьер-министр Синдзо Абэ куы базыдта, Алан куыд уæззау уавæры ис, уæд радта бардзырд, цæмæй номдзыд спортсмены уавæрмæ æркæсой дунейы медицинæйы иууыл ирддæр стъалытæ", - ныффыста Уæдаты Эдуард.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, ныридæгæн фесты бадзырдтæ Хъараты Аланы транспортировкæйы фæдыл Японимæ, цæттæ йын кæнынц йæ документтæ Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадимæ.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0