Хуссар Иры ӕдасдзинады совет ӕрдзырдтой хуыйы грипп ӕмӕ фадынӕджы ныхмӕ тохыл

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ хицауад
РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фембӕлды банхъардӕуыд, цӕмӕй Хуссар Ирыстонӕй ацӕуынмӕ чи хъавы, уыцы адӕмӕн саразой вакцинаци

ЦХИНВАЛ, 30 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны территорийыл хуыйы грипп ӕмӕ фадынӕджы апарахат ма руадзыны фӕдыл мадзӕлттыл ӕруынаффӕ кодтой республикӕйы ӕдасдзинады советы уӕнгтӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.

Арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арæнгæрон службæйы хистæр радзырдта "хуыты гриппы" ныхмæ мадзæлттыл

Советы уӕнгты мӕты баппӕрста Гуырдзыстоны ацы низты апарахаты фӕдыл информаци, кӕцыты амӕттаг баисты цӕрджытӕ. Уымӕ гӕсгӕ ӕрӕджы ӕхгӕд ӕрцыдысты арӕны сӕртыл уадзӕн пункттӕ.

Рабадты рӕстӕджы ӕдасдзинады советы уӕнгтӕ рахастой уынаффӕ, кӕй хъӕуы ауадзын вакцинаци Ленингор ӕмӕ Дзауы районты кӕцыдӕр хъӕуты. Афтӕ ма банысан ӕрцыд, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады кӕй ис вакцинӕйы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг нымӕц.

"Банхъардӕуыд фыццаг рады саразын вакцинӕ 100 адӕймагӕн, кӕцытӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц республикӕйы территорийӕ ахизыны бармӕ. Уыимӕ хъӕуы ӕмбарын, иммунитет кӕй сфидар вӕййы вакцинацийӕ ӕрмӕстдӕр дыууӕ къуырийы фӕстӕ, ӕмӕ уыцы рӕстӕг дӕр хъуамӕ арвитой Хуссар Ирыстоны. Афтӕ ма сбӕрӕг кодтой адӕмы, кӕцытӕ хауынц тасы къордмӕ - арӕнхъахъхъӕнджытӕ, таможнӕйы кусджытӕ, ветеринарон ӕмӕ фитосанитарон хъусдарды минӕвӕрттӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Тотчиты Георгийӕн бахӕс кодтой бавдисын хицауадмӕ цӕрджыты вакцинаци иууыл эффективондӕрӕй ауадзын, афтӕ ма райсын ӕндӕр мадзӕлттӕ дӕр низты парахат ма ӕруадзыны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0