ЦХИНВАЛ, 31 янв - Sputink. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ) 2019 азы райста 42 автотранспортон фӕрӕзы, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
"Тагъд рӕстӕджы уыцы машинӕты иу хай адӕтдзыстӕм Паддзахадон автоинспекцимӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ автопарк ис ӕдзӕллаг уавӕры. Иннӕтӕ та байуардзыстӕм МХМ дӕлхайӕдтыл", - радзырдта министрады сӕргълӕууӕг, инӕлар-майор Наниты Игорь.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, 2018 азы дӕр министрад самал кодта 18 автотранспортон фӕрӕзы. МХМ материалон-техникон ифтонгад, мыздтӕ ӕмӕ кусджыты социалон гарантитӕ хуыздӕр кӕнынц РХИ ӕмӕ УФ хсӕн ӕмбалад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырды фӕлгӕтты. 2019 азмӕ ма нывӕзтгонд кӕй у мидхъуыддӕгты органты кусджыты мыздты фӕфылдӕр.
Афтӕ ма Наниты Игорь банысан кодта, президенты фӕрцы 2018 азы МХМ 45 фӕмардуӕвӕг кусджыты бинонтӕ кӕй райстой ӕхцайы фӕрӕзтӕ, ӕввахс рӕстӕджы ма уыцы ӕххуыс райсдзысты ноджы 12 бинонтӕ.
Куыст ма цӕуы кусджыты формӕйон дарӕсы хъуагдзинад аиуварс кӕныныл дӕр.