Хуссар Иры хицауады сӕрдар саргъ кодта арӕзтады министрады куыстӕн 2018 азы

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны арӕзтады министрады сӕргълӕууӕг радзырдта уагдоны куысты тыххӕй ивгъуыд азы

ЦХИНВАЛ, 31 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик хорз саргъ кодта республикӕйы арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министрады куыстӕн 2018 азы. Уый тыххӕй Пухаты Эрик фехъусын кодта арӕзтады министрады хатдзӕгон рабадты рӕстӕджы, цы ран уагдоны сӕргълӕууӕг Зӕгъойты Эдуард хатдзӕгтӕ скодта ивгъуыд азы куыстӕн, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

"2018 аз уыд ӕнтыстджын арӕзтады фадыджы. Арӕзтады минстрад сӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрдтӕ, цӕмӕй среализаци кӕна 2018 азы инвестицион программӕ. Мадзӕлттӕ иууылдӕр ӕххӕст ӕрцыдысты ӕмгъуыдмӕ ӕмӕ хорз гъӕдимӕ", - банысан кодта Пухаты Эрик.

Арӕзтады министрады сӕргълӕууӕг радзырдта, 2018 азы министрады сӕйраг хӕслӕвӕрд уыд фӕуын 2015-2017 ӕзты Инвестпрограммӕйы реализаци ӕмӕ райдайын ӕххӕст кӕнын 2018-2019 ӕзты программӕ.

Инвестицион программӕтӕм гӕсгӕ 2018 азы арӕзтады министрад нывӕндыд сӕххӕст кӕнын 16 мадзалы, се хсӕн Хъайтарты уынгыл хӕдзӕртты арӕзтад, цӕрӕн микрорайоны хӕрзарӕзтад, Паддзахадон драмон театр, РХИ президенты резиденцийы агъуыстты комплекс Дзауы поселочы, донифтонгады хызӕгтӕ, канализаци, ӕмӕ электрондыхы арӕзтад Ленингор ӕмӕ Ленингоры районы, туберкулезы ныхмӕ диспансеры цалцӕг Цхинвалы ӕмӕ ӕндӕртӕ. Объекттӕ иууылдӕр арӕзт ӕрцыдысты, бахахх кодта Зӕгъойты Эдуард.

Цхинвалы Хъайтарты уынгыл ног хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы сӕдӕ бинонтӕй фылдӕр тагъд райсдзысты ног фатертӕ

Афтӕ ма министр бафтыдта, арӕзтады объекттыл ивгъуыд аз куыстой 17 нардуатон организаци, кӕцыты фылдӕр уыдысты бынӕттон фирмӕтӕ.

Егъау куыст бакодтой, цӕмӕй сцалцӕг кӕной уынгты инфраструктурӕ. 2018 азы сцалцӕг кодтой Цхинвалы 10 уынджы, ауагътой 7,5 км донифтогады хызӕгтӕ, 5,3 км канализаци ӕмӕ 2,6 км газы хызӕгтӕ.

Рабадты кӕрон хицауады сӕрдар банысан кодта, 2019 азы кӕй уыдзӕн ноджы фылдӕр мадзӕлттӕ, кӕцытӕ хъӕуы сӕххӕст кӕнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0