Библиотекӕты хъуамӕ уа цард: Хуссар Иры ацыд I библиотекон форум

© Sputnik / Михаил ХасиевХуссар Иры ацыд I библиотекон форум
Хуссар Иры ацыд I библиотекон форум - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Культурӕйы министрады сӕргълӕууӕг банысан кодта, ахӕм мадзӕлттӕ республикӕйы уагъд цӕудзысты ӕрвылаз

ЦХИНВАЛ, 1 фев – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны зонады боны фыццаг хатт ацыд библиотекон форум, кӕцы ӕрӕмбырд кодта республикӕйы ацы фадыджы минӕвӕртты.

Министр банысан кодта, ахӕм мадзӕлттӕ республикӕйы уагъд цӕудзысты ӕрвылаз.

Министр радзырдта, республикӕйы кӕй ис ӕхсай цыппар библиотекӕйы, кӕцытӕй фӕндзай ӕхсӕз сты хъӕууонтӕ, фӕйнӕ иу та районты центры ӕмӕ республикӕйы столицӕйы. Ноджы ма ӕртӕ библиотекӕ сты универсалонтӕ – Анахарсисы номыл республикон библиотекӕ, республикон сывӕллӕтты ӕмӕ республикон юношӕты библитекӕтӕ.

"Хуссар Ирыстоны хӕст бахъыгдардта нӕ библиотекӕты фонд ӕмӕ сӕ райрӕзты тенденци. Ацы аз мах бадзырдзыстӕм районтӕ, хицауад ӕмӕ парламенты сӕргълӕуджытӕм, цӕмӕй сӕ цӕст ӕрдарой библиотекӕты хъуыддӕгтӕм", - загъта Зассеты Жанна.

Зассеты Жанна банысан кодта, Культурӕйы министрад бафӕлвардзӕн ссарын фӕрӕзтӕ, цӕмӕй сифтонг кӕна цалдӕр библиотекӕ чингуытӕй. Ацы хъуыддаджы сын баххуыс кӕндзӕн Россотрудничество Хуссар Ирыстоны.

Афтӕ ма министр бахахх кодта, библиотекӕтӕ кӕй хъуамӕ уадзон алыгъуызон конкурстӕ, цӕмӕй сын уый уа стимул райрӕзтмӕ.

"Библиотекӕты хъуамӕ уа цард", - загъта Зассеты Жанна.

Культурӕйы министрады сӕргълӕууӕг банысан кодта, библиотекӕты куысты кӕй хъӕуы архайын ныры технологитӕй дӕр. Уый фӕдыл министр банхъардта кусын электронон каталогты арӕзтадыл, афтӕ ма сифтонг кӕнын библиотекӕты куыст Интернетӕй.

© Sputnik / Диана КозаеваХуссар Иры ацыд I библиотекон форум
Хуссар Иры ацыд I библиотекон форум - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Хуссар Иры ацыд I библиотекон форум
© Sputnik / Диана КозаеваХуссар Иры ацыд I библиотекон форум
Хуссар Иры ацыд I библиотекон форум - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Хуссар Иры ацыд I библиотекон форум
1/2
Хуссар Иры ацыд I библиотекон форум
2/2
Хуссар Иры ацыд I библиотекон форум
Ног хабӕртты лентӕ
0