Черчесты Станиславы схорзӕхджын кодтой Сыгъдӕг Георгийы Саксонон Орденӕй

© Sputnik / Евгения Новоженина /  Ахизын медиабанкмæЧерчесты Станислав
Черчесты Станислав - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Черчесты Станиславы райста хорзӕх йӕ сгуыхтдзинӕдты тыххӕй Уӕрӕсейы командӕимӕ куысты рӕстӕджы дунейы чемпионаты

ЦХИНВАЛ, 4 фев — Sputnik. Уӕрӕсейы командӕйы сӕйраг тренер футболӕй Черчесты Станиславы схорзӕхджын кодтой Сыгъдӕг Георгийы Саксонон Орденӕй, хъусын кӕны Уӕрӕсейы футболы цӕдисы сайт.

Черчесты Станислав - Sputnik Хуссар Ирыстон
Черчесты Станислав ссис "Афӕдзы адӕймаг" Eventiada IPRA версимӕ гӕсгӕ

Черчесты Станиславӕн радтой "Бузныджы Орден" йӕ сгуыхтдзинӕдты тыххӕй Уӕрӕсейы командӕимӕ куысты рӕстӕджы 2018 азы Дунейы чемпионаты футболӕй.

Хорзӕхкӕныны церемони ацыд Дрездены балы фӕлгӕтты, кӕцыйы рӕстӕджы дӕттой хорзӕхтӕ политикӕ, культурӕ ӕмӕ спорты зындгонд архайджытӕн.

Черчесты Станислав банысан кодта, стыр намыс ын кӕй у райсын ахӕм хорзӕх. Тренер бафтыдта, зӕгъгӕ, ацы "Орден ӕрмӕст йӕ сгуыхтдзинӕдтӕн нӕ аргъ кӕны, фӕлӕ ма ӕппӕт Уӕрӕсейӕн дӕр Дунейы чемпионат сорганизаци кӕныны тыххӕй ӕмӕ нӕ командӕйы ӕнтыстыты тыххӕй".

Ноджы ма ахӕм хорзӕхтӕ райстой зындгонд адӕм – Ален Делон, Монакойы принц Альбер. 2009 азы Орден радтой Владимир Путинӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0