Карантин: Хуссар Иры гриппы тыххӕй сӕхгӕдтой дыууӕ скъола ӕмӕ сабидон

© Sputnik / Наталья АйриянЦинагар
Цинагар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырады министр комментаритӕ сарӕзта дыууӕ скъола ӕмӕ сабидон карантиныл сӕхгӕныны фӕдыл информацийӕн

ЦХИНВАЛ, 5 фев – Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хуссар Ирыстоны гриппы апарахаты тыххӕй дыццӕджы, 5 февралы сӕхгӕдтой карантиныл гимнази "Альбион" ӕмӕ Дзауы районы Кировы хъӕууон скъола, афтӕ ма цхинвайлаг сабидон №10, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы ахуырады министр Гасситы Натали.

Карантин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры скъолатӕ ӕмӕ сабидӕттӕ 1 февралӕй сӕхгӕндзысты карантиныл

"Проблемӕ у сезонон: хицӕн ӕмӕ хицӕн периодты рынчынкӕнынад кӕндзӕн кӕнӕ фылдӕр, кӕнӕ къаддӕр. Карантин бандӕвта куыд столицӕйы, афтӕ районон уагдӕттӕ дӕр", - загъта министр.

Гасситы Натали банысан кодта министрад ӕмӕ "Югосетпортебнадзор"-ы ӕмгуыстады бӕрзонд ӕмвӕзад вирусон низты парахат ма фӕтынгдӕры фӕдыл.

"Югосетпортебнадзор"-ы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ республикӕйы ис грипп ӕмӕ КРВИ рынчынкӕнынады сезонон рӕзт.

Февралы райдианмӕ уыд 324 фӕрынчынуӕвӕджы, сӕ фылдӕр сты сывӕллӕттӕ. Уый фӕстиуӕгӕн ахуырадон процесс урӕд ӕрцыд Бихъар ӕмӕ Громы скъолаты, Цъинагар ӕмӕ Къуайсайы сабидӕтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0