ЦХИНВАЛ, 6 фев — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры сценæйыл ног къуыри ацæудзæн Хетæгкаты Къостайы поэма "Фатимæ"-мæ гæсгæ æвæрд спектаклы премьерæ, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службæйы.
Равдыст снысангонд æрцыд 14-15 февральмæ. Хетæгкаты Къостайы поэмæ "Фатимæ"-мæ гæсгæ спектаклыл куыст цæуы ивгъуыд азæй фæстæмæ.
"Премьерæ нысангонд æрцыд ног куырийы кæронмæ. Сæйраг фæлгонцтæ æххæст кæнынц Хуссар Ирыстоны адæмон артист Пæррæстаты Дмитрий (Ибрагим) æмæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Бибылты Сослан (Дзамболат), Фатимæйы хуызы кæсæг фендзæн æвзонг артисткæ Мæргъиты Ингайы. Хуссар Иры сгуыхт артист Наниты Виталий уыдзæн Наибы ролы. Сæйраг фæлгонцтæн ис дыккаг сконд дæр, уым та Фатимæйы фæлгонц сæххæст кæндзæн Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткæ Хуыгаты Альбина, Дзамболат – Мамиты Григорий, Ибрагим – республикæйы сгуыхт артист Уанеты Эдуард æмæ Наиб – Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Гаглойты Артур", - загътой пресс-службæйы.
Спектаклæн дарæс хуыд æрцыд дзæуджыхъæуккаг зындгонд модельер Годжысаты Изольдайы æрмадзты Бекъойты Хохы эскизтæм гæсгæ.