ВИА "А вдруг": рӕсугъд чызджытӕ, ирон зарджытӕ ӕмӕ фидӕны концерттӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХъодалаты Мария
Хъодалаты Мария  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры паддзахадон университеты ВИА "А вдруг" фæстаг рæстæджы бахаудта цæсты - аив ирон зарджытæ æмæ социалон хызæгты активон архайд рæсугъд æвзонг чызджытæй сарæзтой стъалытæ

Ансамблы архайд, сæ фыццаг концерт, йе ‘мдзæвгæтæ, зарджытæ æмæ фæндтыл Sputnik уацхӕссӕг Плиты Фатимӕйӕн радзырдта къорды солисткæ Хъодалаты Мария.

- Мария, куыд равзæрд уæ къорд?

- Дыууæ азы кусæм ныр, фæлæ куыд къорд афтæ сфидар стæм азы размæ. Стæм тынг хæлар æмæ кæрæдзи æмбарæм иу бинонты хуызæн. Къорды разамонæг у Ӕлборты Владимир (Бетховен), йе ʻсконды сты, мæнæй дарддæр, Багаты Ангелина, Кокойты Анна æмæ Ӕлборты Аланæ.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры паддзахадон университеты ВИА "А вдруг"
ВИА А вдруг: рӕсугъд чызджытӕ, ирон зарджытӕ ӕмӕ фидӕны концерттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры паддзахадон университеты ВИА "А вдруг"

Мах схæлар кодта ансамбль. "Ӕмдзард" кæнæм тынг хъæрмудæй. Иууылдæр стæм нæ "фыд" - коллективы аивадон къухдариуæггæнæг Ӕлборты Владимиры чызджытæ. Уымæй фылдæр ма ныл узæлыц æмæ уарзынц æрмæст нӕ ныййарджытæ. Алчидæр нӕ зоны, хуыздæр чи цæмæ арæхсы ӕмӕ уый аразы.

- Уæ репертуары цал зарæджы ис, фылдæр цы æвзагыл зарут?

- Англисагау, уырыссагау æмæ иронау. Фæндит нæ зарын иронау фылдæр, фæлæ нырма ӕрӕджы райдыдтам æмæ тынг фæцыд нæхи æмæ адæмы зæрдæмæ дæр.

Цыппар зарæджы ис мадæлон æвзагыл нӕ репертуары, сеʻхсæн - "Давæггаг уарзт", "Ӕз бузныг дæн", ныридæгæн ма ахуыр кæнæм ноджы иу ирон зарæг.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры паддзахадон университеты ВИА "А вдруг"
ВИА А вдруг: рӕсугъд чызджытӕ, ирон зарджытӕ ӕмӕ фидӕны концерттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры паддзахадон университеты ВИА "А вдруг"

Музыкæ фыссы нæ къухдариуæггæнæг Ӕлборты Владимир, зарæг цы æмдзæвгæйы бындурыл рæзы уый исæм хицæн гуырæнтæй - тынг балхæдта нæ зæрдæтæ Токкаты Алиханы поэзи – уый у нæ фыццаг уарзт. Студенткæ Гасситы Анна тынг рæсугъд ивы ирон æвзагмæ, уый нын ратæлмац кодта шотландиаг поэт Роберт Бернсы æмдзæвгæтæ, стæй сыл æвæрд цæуы музыкæ æмæ райгуыры зарæг.

- Цæмæн схуыдтат уӕ ансамбль "А вдруг"?

- Алы ран дæр-иу нæ схуыдтой ХИПУ-йы ВИА æмæ нæ æрфæндыд равзарын нæхицæн ном. Бирæ хъуыдытæ уыд - чи цы æнхъардта, чи цы, дзырдтой æндæр æмæ æндæр нæмтæй. Стӕй ӕрлӕууыдыстӕм "А вдруг"-ыл.

- Зонын æй, дæхæдæг дӕр кӕй фыссыс æмдзæвгæтæ. Цал æмдзæвгæ ныффыстай, цы темӕтæм здæхт у де сфæлдыстад?

- Фараст-дæс азæй фæстæмæ фыссын. Сразæнгард мæ кодта мæ райдайæн кълӕсты ахуыргæнæг. Фыссын уырыссагау, кæд фидæны срæвдз уаин иронау дæр. Ме сфæлдыстады иууыл актуалон у Хуыцауимæ ныхас, æнæ уый та фыссын алцæуыл дæр – ме ‘нкъарæнтæ æмæ миддунейыл.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры паддзахадон университеты ВИА "А вдруг"
ВИА А вдруг: рӕсугъд чызджытӕ, ирон зарджытӕ ӕмӕ фидӕны концерттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры паддзахадон университеты ВИА "А вдруг"

Ме сфæлдыстады сты мæ царды ивылæнтæ - куы нæ ныссæттынц, куы вæййæм циндзинады ахæсты, уыдон æппæт дæр. Ныридæгæн сæ нымæц хизы 50 онг, фæлæ мæн фæнды иу хахх равзарын æмæ уыцы тематикæйыл ныффыссын къорд æмдзæвгæйы æмæ сæ æмбырдгондæй рауадзын. Ис мын уарзондзинадыл дæр, фæлæ уыдон алкæмæн не 'вдисын.

- Университеты равзæрстай фæсарæйнаг æвзæгты факультет, кæцæй ис фидæны полиглоты царды музыкæ?

- Профессионалон музыкалон ахуырад мæм нæй, фæлæ чысылæй фæстæмæ мемæ æмдзу кæнынц аив зæлтæ. Музыкæ у мæ хобби. Æцæг, æстæм къласы ахуыргæнгæйæ, бацыдтæн фыццæгæм музыкалон скъоламæ вокалы факультетмæ, фæлæ йæ каст нæ фæдæн. Мæ хъæлæс мын уым сæвæрдтой.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры паддзахадон университеты ВИА "А вдруг"
ВИА А вдруг: рӕсугъд чызджытӕ, ирон зарджытӕ ӕмӕ фидӕны концерттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры паддзахадон университеты ВИА "А вдруг"

Иу чысыл рæстæг та ахуыр кодтон гитарайыл цæгъдын. Мæ професси æмæ музыкæйы нæ дих кæнын. Музыкæйы фæрцы ноджы тынгдæр тырнын æвзæгтæ базонынмæ.

- Куыд уыдзæн йæ фидæн ВИА "А вдруг"-æн, цы фæнд кæнут саразын æввахс рæстæджы?

- Тынг нæ фæнды хисæрмагонд концерт раттын университеты стыр залы – нæхимæ "хæдзары", цæмæй ма тыхсæм, мæ стæй та æппæт республикон масштабы. Тæрсæм ацы хъуыдыйæ, фæлæ йæм бæллæм. Тынг бирæ плантæ нæм ис, æрмæст нын барабаныл цæгъдæг нæ фидар кæны, ныр та агурæм ног. Иумæйагæй сисгæйæ, дард нæ кæсæм, ацы тæккæ аразæм нæ зæрдæмæ цы цæуы, уый. Уарзон хъуыддагыл лæуд стæм æмæ нын уый дæр æгъгъæд у. Сæйраг у алцыдæр аразын зæрдæйæ, уымæн æмæ зæрдæйæ цы нæ цæуы, уый зæрдæйыл никуы сæмбæлы.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры паддзахадон университеты ВИА "А вдруг"
ВИА А вдруг: рӕсугъд чызджытӕ, ирон зарджытӕ ӕмӕ фидӕны концерттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры паддзахадон университеты ВИА "А вдруг"
Ног хабӕртты лентӕ
0