Медведев снысан кодта Ростуризмы хистӕрӕй Дыгъуызты Зӕринӕйы

© Пресс-служба РостуризмаДыгъуызты Зӕринӕ
Дыгъуызты Зӕринӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыгъуызты Зӕринӕ райгуырд Цхинвалы, уый фӕстӕ ацыд ахуыр кӕнынмӕ Мӕскуымӕ, равдыста хорз ӕнтыстытӕ куысты

ЦХИНВАЛ, 8 фев - Sputnik. Туризмы фӕдыл федералон агентады (Ростуризм) сӕргълӕууӕг ссис Хуссар Ирыстоны райгуыргӕ Дыгъуызты Зӕринӕ. Уый фӕдыл цыппӕрӕмы барамынд бафыста Уӕрӕсейы хицауады сӕрдар Дмитрий Медведев, хъусын кӕны бӕстӕйы хицауады пресс-службӕ.

Дыгъуызты Зӕринӕйы размӕ Ростуризмы сӕргълӕууӕг уыд Олег Сафонов, кӕцыйы февралы райдайӕны Дмитрий Медведев ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй.

Биографион справкӕ

Дыгъуызты Зӕринӕ Валерийы чызг райгуырд 1985 азы Хуссар Ирыстоны столицӕ Цхинвалы. Ам 2002 азы фӕцис скъола.

2008 азы Дыгъуызты Зӕринӕ фӕцис Уӕрӕсейы ФХМ ӕхсӕнадӕмон ахастыты мӕскуыйаг паддзахадон институты (университет) ӕхсӕнадӕмон журналистикӕйы факультет.

2008-2012 ӕзты Дыгъуызты Зӕринӕ куыста Уӕрӕсейы хицауады пресс-службӕ ӕмӕ информацийы департаменты.

2012-2019 ӕзты куыста Уӕрӕсейы президенты  хайады ӕхсӕнадон бастдзинӕдтӕ ӕмӕ коммуникациты фӕдыл.

2015 азӕй фӕстӕмӕ Дыгъуызты Зӕринӕ уыд егъау ӕхсӕнадӕмон мадзӕлтты фӕсдзыды фӕдыл департаменты хистӕр.

Дыгъуызты Зӕринӕ архайдта алыгъуызон ӕхсӕнадӕмон ӕмӕ уӕрӕсейаг мадзӕлтты организаци ӕмӕ информацион-аналитикон фӕсдзыдыл, се хсӕн 2014 азы Олимпиадӕ Сочийы, 2018 азы дунейы чемпионат футболӕй.

Ис ын паддзахадон хорзӕхтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0