Ирон богал ссис дзюдойы турниры призер Парижы

© FacebookХуыбецты Алан
Хуыбецты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуыбецты Алан ссис иунӕг уӕрӕсейаг, кӕцы рамбылдта майдан Гранд-шлем турниры Парижы

ЦХИНВАЛ, 12 фев — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг дзюдоист Хуыбецты Алан рамбылдта бронзӕйы майдан "Большой шлем" турниры Парижы, хъусын кӕны Уӕрӕсейы дзюдойы федерацийы официалон сайт.

Дыууæ цхинвайлаг богал рамбылдтой ерыстæ Цæгат Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыууæ цхинвайлаг богал рамбылдтой ерыстæ Цæгат Иры

Хуыбецты Алан уыд иунӕг уӕрӕсейаг, кӕцы ссис турниры призер. Спортсмены уӕлахизы фӕрцы Уӕрӕсе ацыд 16-ӕм бынатыл 97 хайадисӕджы ӕхсӕн.

Спортсмен архайдта 81 килограмм уӕзы категорийы.

Турниры фондз тохӕй цыппар Хуыбецты Алан рамбылдта ӕмгъуыдӕй раздӕр.

Спортсмены тренертӕ сты Беккуызарты Алик ӕмӕ Цӕгӕраты Хъазбег.

Ног хабӕртты лентӕ
0