Цхинвалы бомбӕмбӕхсӕн сифтонг кодтой химикон хӕцӕнгарзы ныхмӕ хъахъхъӕнынадӕй

© Пресс-служба МЧС РЮОЦхинвалы бомбӕмбӕхсӕн
Цхинвалы бомбӕмбӕхсӕн  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны УУМ балхӕдта газӕйхизтӕ столицӕйы бункерӕн химикон ӕмӕ биологон хӕцӕнгарзы ныхмӕ

ЦХИНВАЛ, 12 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) сифтонг кодта Цхинвалы телеуынынады агъуысты бын бункер газӕйхизтӕй, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

"Уыдон сты фӕрсудзӕн газӕйхизтӕ, цӕмӕй бахъахъхъӕной улӕфӕнтӕ химикон ӕмӕ биологон хӕцӕнгарзӕй. Фыццаг этапыл мах балхӕдтам 752 газӕйхизы. Уыдон ӕвӕрд уыдзысты телеуынынады агъуысты бын бомбӕмбӕхсӕны, ӕмӕ куы бахъӕуа, уӕд сӕ ратдзысты цӕрджытӕн", - банысан кодта УУМ граждайнаг хъахъхъӕнынады хайады хистӕр Гӕджиты Инал.

Уый уыд фыццаг этап, цӕмӕй бацӕттӕ кӕной бомбӕмбӕхсӕнтӕ, дарддӕр нывӕндынц фӕфылдӕр кӕнын сӕ нымӕц. Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, республикӕйы бомбӕмбӕхсӕн цӕттӕ нӕу адӕмы бамбӕхсынӕн цалдӕр бонмӕ – цӕвиттон у 2008 аз, уӕд бомбӕмбӕхсӕн нӕ уыд цӕттӕ хӕстмӕ.

Транскам  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рӕстӕгыл асыгъдӕг кодтой зӕйтӕ: Хуссар Иры УУМ Транскамы уавӕры тыххӕй

"Нывӕзтмӕ гӕсгӕ, бомбӕмбӕхсӕнты иууылдӕр хъуамӕ уа ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ифтонггарз. Сӕйраджыдӕр, ахӕм агъуысттӕ хъӕуы сцалцӕг кӕнын", - радзырдта Гӕджиты Инал.

Бомбӕмбӕхсӕнты арӕзтады нывӕзт барвыстой республикӕйы Ӕдасдзинады советмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0