Хуссарирыстойнаг теннисист рамбылдта æппæтуæрæсейон турнир

Теннисист Бекъойты Эдуард
Теннисист Бекъойты Эдуард  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бекъойты Эдуард уæлахиздзауы пьедесталмæ схызт дæс фембæлд рамбулгæйæ

ЦХИНВАЛ, 13 фев — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг теннисист Бекъойты Эдуард рамбылдта фыццаг бынат Дагъыстаны уагъд цæуæг æфсæддон-интернационалисттæн нывонд æппæтуæрæсейон турниры, фехъусын кодта Sputnik уæлдæр спортивон дæсниады скъолайы сæйраг тренер Джиоты Мириан.

Бекъойты Эдуард уæлахиздзауы пьедесталмæ схызт дæс фембæлд рамбулгæйæ.

Ирон теннисист Бекъойты Эдвард рамбылдта дыууӕ майданы Цӕгат Кавказы ерысты

"Дагъыстаны уагъд цæуæг æфсæддон-интернационалисттæн нывонд æппæтуæрæсейон турниры архайдта 60 спортсмены. Ерыстæ рабæрæг кодтой иу уæлахиздзау индивидуалон ерысты, уый у нæ спортсмен Бекъойты Эдуард. Турниры фæлгæтты уæлахизмæ фæндагыл уый рамбылдта 10 фембæлды æмæ ссис иунæг уæлахиздзау. Теннисы ерыстæ бокс æмæ хъæбысæйхæстау категоритыл дих нæ вæййынц", - загъта Бекъойты Эдуард.

Уый ма радзырдта, нæ спортсмен бынæттон теннисист Багаутдин Кадырбековимæ иумæ кæй рамбылдтой къайон ерыстæ дæр.

Турниры хатдзæгтæм гæсгæ, Сергей Мусаилов Цæгат Ирæй райста дыккаг бынат, Роман Ромашенко Ставрополы краййæ – 3 бынат.

Турниры архайдтой Цæгат Ирыстон, Ставрополы край, Цæцæн, Кæсæг-Балхъар, Хуссар Ирыстон æмæ æндæр регионтæй.

© Из архива тренера М.ДжиоеваТеннисист Бекъойты Эдуард
Хуссарирыстойнаг теннисист рамбылдта æппæтуæрæсейон турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Теннисист Бекъойты Эдуард
Ног хабӕртты лентӕ
0