Цхинвалы скуыста IT-скъола

© Sputnik / Урузмаг ДогузовIT-школа в Цхинвале
IT-школа в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырадон уагдоны хистæр Тедеты Азæмæт радзырдта, цы хæххытыл цæудзæн ахуыр æмæ кæмæн ис фадат компьютеры кусыны зонындзинæдтæ райсынæн

ЦХИНВАЛ, 13 фев — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры столицæйы æрбакодтой IT-скъола. Ныридæгæн ахуырадон уагдон исы ахуырдзауты æнæ кары арæнтæй, фехъусын кодта Sputnik йæ автор, ХИПУ студент Тедеты Азæмæт.

Компьютерон кълас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы фæзындзæн IT-скъола

Проект æххæст цæуы уæрæсейаг фæсивæдон форум "Московские каникулы"-йы фæсаууонмæ конкурсы гранты фæрæзтæй. IT-скъолайы аразджытæ дæргъвæтин рæстæг агуырдтой хатæн æмæ ныр æрбынат кодтой Гаглойты Хазбийы уынгыл.

"Куырдиæттæ исæм адæмæй, кæцыты фæнды райсын зонындзинæдтæ компьютерыл кусынæн. Ныридæгæн сæхи ныффыссын кодтой 15 адæймаджы, скъолайы ахуыры фадат та ис 64 адæймагæн. Къуыри ахуыртæ цæудзæн 6 къорды, алкæцыйы дæр æхсæз адæймаджы" — загъта Тедеты Азæмæт.

Уый баныфсæвæрдта, æввахс рæстæджы республикæйы кæй фæзындзæн цæттæ специалисттæ.

"Ахуыртæ цæуынц æртæ хицæн нывæзтмæ гæсгæ - хуымæтæг, программированиейы бындуртæ æмæ æртыккаг та иууыл вазыгджындæр -веб-бакуыст", - бафтыдта уый.

Авторы ныхæстæм гæсгæ, ацы проектыл уый архайы 2015 азæй фæстæмæ. Ахуырадон объекты "программирование"-йы бындуртæ амондзысты ХИПУ ахуыргæнджытæ æмæ Хуссар Ирæй ацæугæ специалисттæ. IT-скъола чи фæуа, уыдон исдзысты сертификаттæ, скъола ма дæтдзæн куыстифтонгады фадæттæ дæр.

Рамбулгæ гранты фæлгæтты IT-скъола кусдзæн æртæ мæйы, фæлæ уый фæстæ дæр йæ саразæджы фæнды адарддæр кæнын йæ куыст.

Ног хабӕртты лентӕ
0