Рӕмонаты Сослан ногӕй райдайдзӕн тренировкӕ кӕнын

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæРӕмонаты Сослан
Рӕмонаты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Риойы олимпион чемпион Рӕмонаты Сослан нӕ архайдта ӕртӕ мӕйы операцийы тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 13 фев — Sputnik. Ирыстойнаг уӕгъдибар хъӕбысхӕцӕг Рӕмонаты Сослан ногӕй райдайдзӕн тренировкӕ кӕнын, хъусын кӕны Уӕрӕсейы спортивон хъӕбысхӕсты федерацийы официалон сайт.

Уӕгъдибар хъӕбысхӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуыбежты Кахабер ӕмӕ Рӕмонаты Сослан ссисты Гран-прийы призертӕ хъӕбысхӕстӕй

Ӕввахс рӕстӕджы Рӕмонаты Сослан ацӕудзӕн Сочимӕ, цы ран цӕттӕ кӕндзӕн Уӕрӕсейы националон командӕимӕ Европӕйы U-23 чемпионатмӕ.

Спортсмены сӕрмагонд тренер Мӕргъиты Анатолий фехъусын кодта, Рӕмонаты Сослан кӕй райдайдзӕн тренировкӕ кӕнын ӕмӕ банысан кодта, спортсмены тынг кӕй фӕнды хайад исын ерысты.

Рӕмонаты Сослан йӕхӕдӕг фехъусын кодта Instagram-ы йӕ официалон фарсыл, зӕгъгӕ, бирӕ адӕмы нӕ уырныдта, кӕй ис гӕнӕн ӕрыздӕхын ахӕм операциты фӕстӕ.

Рӕмонаты Сосланӕн сарӕзтой операци ӕмӕ уый тыххӕй нӕ тренировкӕ кодта цалдӕр мӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0