Ленингоры район баззад æнæ рухсæй

© Sputnik / Ада БагианПанорама на скалу Алеу в Ленингорском районе
Панорама на скалу Алеу в Ленингорском районе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Энергоресурс"-ы генералон директоры хӕдивӕг Гӕбӕраты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, электроифтонгад районмæ ратдзысты цыппæрæмы изæры

ЦХИНВАЛ, 14 фев — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры район баззад æнæ рухсæй. Электроифтонгад аскъуыдта Громы хъæуы трансформаторы куысты къуыхцытæ, фехъусын кодта Sputnik Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс — Хуссар Ирыстоны" генералон директоры хӕдивӕг Гӕбӕраты Анатолий.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, электроифтонгад районмæ ратдзысты цыппæрæмы изæры.

"Ӕртыццæджы изæры рухс ахицæн ис Ленингоры районы, йæ аххосаг баст у Громы хъæуы трансформаторы куысты къуыхцытимæ. Ныридæгæн нæ кусæгон къорд ис бынаты æмæ изæрмæ рæстæгмæ схемæмæ гæсгæ ратдзыстæм рухс районмæ", - загъта Гӕбӕраты Анатолий.

Хуссар Ирыстонмӕ электроэнерги цӕуы Уӕрӕсейӕ 110 КВт электрондыхы хахх "Зӕрӕмӕг-Цӕгаттаг портал-Дзау"-ыл. Республикæйы электроифтонгад ис Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс — Хуссар Ирыстоны" бæрны.

Ног хабӕртты лентӕ
0