Бибылты Анатолий: МСНК кусджыты хъӕбатырдзинады руаджы Хуссар Иры ис сабырдзинад

© Пресс-служба президента РЮО Хуссар Ирыстоны президент раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады МСНК кусджытӕ ӕмӕ ветерантӕн къорды сӕвзӕрды боны цытӕн
Хуссар Ирыстоны президент раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады МСНК кусджытӕ ӕмӕ ветерантӕн къорды сӕвзӕрды боны цытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады МСНК кусджытӕ ӕмӕ ветерантӕн къорды сӕвзӕрды боны цытӕн

ЦХИНВАЛ, 14 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) кусджытӕн уагдоны сӕвзӕрдыл 27 азы сӕххӕсты цытӕн ӕмӕ банысан кодта, къорды кусджытӕ цӕсгомджынӕй кӕй ӕххӕст кӕнынц сӕ хӕслӕвӕрдтӕ, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

РХИ МСНК ерыстӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры МСНК сбӕрӕг кодтой иууыл хуыздӕрты ӕхсын ӕмӕ ӕрмбуар хӕстӕй

Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады МСНК сарӕзтӕуыд 1992 азы 14 февралы республикӕйӕн уӕззау периоды.

"РХИ Мидхъуыддӕгты министрады МСНК сӕвзӕрдӕй фӕстӕмӕ йӕ кусджытӕ бӕрнонӕй ӕххӕст кодтой сӕ службӕйон хӕслӕвӕрдтӕ, цӕмӕй ӕхсӕнады уа сабырдзинад ӕмӕ хъахъхъӕдтой ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинад", - банысан кодта президент.

Бибылты Анатолий бафтыдта, МСНК кусджытӕ гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг хӕсты рӕстӕджы кӕй бахъахъхъӕдтой сӕ Фыдыбӕстӕ.

"Гуырдзиаг агрессийы рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны ныхмӕ МСНК кусджытӕ бахъахъхъӕдтой сӕ Фыдыбӕстӕ. Адӕмы хъуыдыйы ӕнустӕм баззайдзысты хъайтарты нӕмтӕ, кӕцытӕ сӕ цард снывонд кодтой Республикӕ Хуссар Ирыстоны ирд фидӕн ӕмӕ хӕдбардзинадӕн", - бахахх кодта президент.

МСНК кусджытӕ сты республикӕйы паддзахаддзинады ӕнцой, сӕ цӕттӕкӕнынады бӕрзонд ӕмвӕзад, иузӕрдыгдзинад службӕйон хӕслӕвӕрдтӕн ӕмӕ хъӕбатырдзинады руаджы республикӕйы ис сабырдзинад ӕмӕ ӕххӕст цӕуы барадон фӕтк, бафтыдта Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0