Путинӕй майдан: Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Иры схорзӕхджын кодта Гатыгкоты Валентинайы

© Sputnik / Наталья АйриянУӕрӕсейы минӕвар Хуссар Иры схорзӕхджын кодта Гатыгкоты Валентинайы
Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Иры схорзӕхджын кодта Гатыгкоты Валентинайы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры минӕвары рахицӕн кодтой дунейон фестиваль бацӕттӕ кӕныны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 15 фев — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты сӕрдары хӕдивӕг Гатыгкоты Валентина хорзӕхджын ӕрцыд Уӕрӕсейы президенты зӕрдылдарӕн майдан ӕмӕ грамотӕйӕ Сочийы уагъд цӕуӕг IX-ӕм дунейон студентты ӕмӕ фӕсивӕды фестивалы организацийы тыххӕй.

Бӕрзонд хорзӕх Гатыгкоты Валентина райста Уӕрӕсейаг минӕвар Цхинвалы Марат Кулахметовӕй майрӕмбоны, Цхинвалы.

© Sputnik / Наталья АйриянУӕрӕсейы минӕвар Хуссар Иры схорзӕхджын кодта Гатыгкоты Валентинайы
Путинӕй майдан: Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Иры схорзӕхджын кодта Гатыгкоты Валентинайы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Иры схорзӕхджын кодта Гатыгкоты Валентинайы

"Ацы хорзӕх мӕнӕн у ӕнӕнхъӕлӕджы ӕмӕ тынг ӕхсызгон. Ӕрӕджы мӕм минӕварадӕй фӕдзырдтой , загътой кӕй мын дӕттынц Владимир Путины номӕй хорзӕх. Мӕн рахицӕн кодтой 2017 азы Сочийы уагъд цӕуӕг IX-ӕм дунейон студентты ӕмӕ фӕсивӕды фестивалы тыххӕй. Уӕд дзы Хуссар Ирӕй хайад райста 50 адӕймаджы, ӕз уыдтӕн къорды разамонӕг", - загъта Гатыгкоты Валентина.

Уӕрӕсейы президент Владимир Путины барамындӕй 2017 азы кӕрон фидаргонд ӕрцыд IX-ӕм дунейон студентты ӕмӕ фӕсивӕды фестивалы зӕрдылдарӕн майдан.

© Sputnik / Наталья АйриянУӕрӕсейы минӕвар Хуссар Иры схорзӕхджын кодта Гатыгкоты Валентинайы
Путинӕй майдан: Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Иры схорзӕхджын кодта Гатыгкоты Валентинайы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Иры схорзӕхджын кодта Гатыгкоты Валентинайы
Ног хабӕртты лентӕ
0