Цхинвалы ацӕудзӕн интеллектуалон хъазт фӕсивӕды хсӕн

© Sputnik / Фатима Плиты "Брейн-ринг"
Брейн-ринг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры ивгъуыд ӕзты брейн-рингтӕ цыдысты скъоладзауты командӕты хайадистӕй

ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитет уалдзӕджы уадзы интеллектуалон хъазт "Брейн-Ринг" фӕсивӕды хсӕн. Хъазты нысан раздӕрау у патриотикон хъомылад , фӕлӕ ацы аз скъоладзауты раивдзысты куыстыл хӕст фӕсивӕдӕй, фехъусын кодта Sputnik комитеты сӕрдары хӕдивӕг Гатыгкоты Валентина.

Ивгъуыд аз хъазты уӕлахиздзау командӕйӕн Фæсивæдон комитет балæвар кодта экскурсион балц Европæйы бæстæтæй иумæ.

"Интеллектуалон хъазт "Брейн-Ринг" нысан раздӕрау у патриотикон хъомылад, фӕлӕ йын йӕ архайджыты кар фӕбӕрзонддӕр кодтам. Ацы аз интеллектуалон тохы бацӕудзысты куыстыл хӕст фӕсивӕд", - загъта Гатыгкоты Валентина.

Уый ма бамбарын кодта, интеллектуалон хъазты фарстытӕ хауынц Ирыстоны истори, географи, ирон æгъдæуттæ, Нарты кадджытæ, Иры зындгонд гоймæгтæ, райгуырæн бæстæйы зайæгойты æмæ цæрæгойтæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0