Рухс, дон ӕмӕ ӕдзӕрӕг зӕххытӕ: "таладоны" районы проблемӕтӕ

© Sputnik / Наталья Айриян"таладоны" район
таладоны район - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны раздӕры таладоны районы зӕххыты хицӕуттӕн нӕй ӕмбӕлгӕ уавӕртӕ, фӕлӕ хӕрзарӕзтад нӕ райдайдзӕн, цалынмӕ районы цӕрджытӕ нӕ фӕзына, уӕдмӕ, банысан кодтой хъӕуы администрацийы

ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik, Козаты Диана. Цалдӕр азы размӕ раздӕры таладоны районы Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн радто ӕртӕ сӕдӕ зӕххы хайы, цӕмӕй дзы саразой хӕдзӕрттӕ. Фӕлӕ дзы фӕзынд ӕрмӕст дӕр дыууӕ хӕдзары, ноджы ма цалдӕр адӕймаджы бакусынц сӕ зӕххыл.

Зӕххы хӕйттӕй иуы хицау Джиоты Заирайы дӕр фӕнды саразын хӕдзар, фӕлӕ нырма таладоны районы нӕй рухс, дон ӕмӕ фӕндаг.

"Цӕмӕй хӕдзар саразай, уый тыххӕй хъӕуы рухс, дон. Уым нырма уыдонӕй ницы ис", - загъта уый.

Джиоты Заира фехъусын кодта, хӕдзӕрттӕ кӕй фӕнды саразын, уыдон фылдӕр куы уыдаиккой, уӕд иумӕ бадзырдтаиккой районы разамынадмӕ, цӕмӕй сын рауадзой рухс ӕмӕ дон.

Цхинвалы цӕрджытӕ бадзырдтой ӕххуысы фӕдыл депутатмӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бирӕазон проблемӕ: Цхинвалы цӕрджытӕ бадзырдтой ӕххуысы фӕдыл депутатмӕ

Гудзабары хъӕуы администрацийы сӕрдар Дыгъуызты Леван радзырдта Sputnik, зӕххыл бакусын ӕмгъуыд кӕй у дыууӕ азы, уый фӕстӕ районы разамынд ратдзӕн зӕхх ӕндӕр хицауӕн.

Афтӕ ма Дыгъуызты Леван банысан кодта, таладоны районы зӕххытӕ иууылдӕр кӕй ӕрцӕуынц куыст. Хъӕуы администраци алкӕцы уалдзӕг ауадзы басгӕрст.

"Куы фенӕм, зӕхх ӕдзӕрӕг кӕй у, уӕд хицӕттӕн радтӕм иу-дыууӕ мӕй, цӕмӕй йыл бакусой. Уый фӕстӕ ногӕй ауадзӕм басгӕрст ӕмӕ рахӕссӕм скъуыддзаг", - загъта хъӕуы администрацийы сӕрдар.

Дон ӕмӕ электроифтонгады тыххӕй Дыгъызты Леван загъта, зӕгъгӕ, ныридӕгӕн уырдӕм нывӕндынц ауадзын ӕрмӕст дӕр канализаци.

"Ныридӕгӕн дзы ис ӕрмӕст дыууӕ хӕдзары ӕмӕ дзы уыдон тыххӕй рухс ӕмӕ дон ничи рауадздзӕн. 10-12 хӕдзар дзы куы уыдаит, уӕд махӕн нӕ бон уыдаит бадзурын Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-мӕ, цӕмӕй дзы бакӕной ӕнӕмӕнгхъӕугӕ куыст. Ацы хъуыддагӕн хъӕуы стыр финансон фӕрӕзтӕ", - бафтыдта уый.

 

 

Ног хабӕртты лентӕ
0