Майдантӕ, концерт ӕмӕ уазджытӕ: ӕфсӕддонтӕ банысан кодтой дывӕр бӕрӕгбон

© Sputnik / Наталья АйриянӔфсӕддонтӕ банысан кодтой дывӕр бӕрӕгбон
Ӕфсӕддонтӕ банысан кодтой дывӕр бӕрӕгбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы боны ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрады бындурӕвӕрды цытӕн цытджын мадзалы 8 адӕймаджы райстой Абхаз ӕмӕ Хуссар Иры хорзӕхтӕ

ЦХИНВАЛ, 22 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы Паддзахадон киноконцертон зал "Чермен"-ы ацыд цытджын рабадт Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы боны ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрады бындурӕвӕрдыл 26 азы сӕххӕсты цытӕн. Ӕфсӕддонтӕ райстой бӕрзонд паддзахадон хорзӕхтӕ президент Бибылты Анатолиййӕ ӕмӕ Абхазы хъахъхъӕнынады министрӕй.

Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрадӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд раст 26 азы размӕ.

© Sputnik / Наталья АйриянЦытджын рабадт
Майдантӕ, концерт ӕмӕ уазджытӕ:  ӕфсӕддонтӕ банысан кодтой дывӕр бӕрӕгбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цытджын рабадт

Цытджын мадзал райдыдта Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырыса ӕмӕ тохы тырысайы ӕрбахастӕй, айзӕлд паддзахадон гимн, зал сыл ӕмбӕлд лӕугӕйӕ. Уый фӕстӕ ныхасы рацыд Хъахъхъӕнынадон уагдоны разамонӕг, инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим. Уый йӕ раныхасы ранымадта ирон ӕфсӕддонты сгуыхтдзинӕдтӕ хӕстон архайдтыты ивгъуыды ӕмӕ ныры.

"Хуссар Ирыстон йӕ цыбыр, фӕлӕ ирд историйы бахъуыд фӕлӕууын нымӕцӕй ӕмӕ техникайӕ зынгӕ фылдӕр знагы ныхмӕ. Хуссар Ирыстоны адӕм намысджынӕй бахъахъхъӕдтой сӕ бар хӕдбар ӕмӕ сӕрибарӕй цӕрын", - загъта Гассеты Ибрагим.

Уый ма бузныджы ныхӕстӕ загъта уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕн, кӕцытӕ хъахъхъӕнынц сабырад Хуссар Иры. Уый фӕстӕ иу уысм ӕдзӕмӕй ӕрлӕугӕйӕ ӕрӕмысыдысты Хуссар Иры зынгхуыст хъайтарты нӕмттӕ.

© Sputnik / Наталья АйриянХъахъхъӕнынадон уагдоны разамонӕг, инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим.
Майдантӕ, концерт ӕмӕ уазджытӕ:  ӕфсӕддонтӕ банысан кодтой дывӕр бӕрӕгбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъахъхъӕнынадон уагдоны разамонӕг, инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим.

"Хуссар Иры ӕфсӕддонты ног фӕлтӕртӕ дарддӕр кӕнынц кадджын традицитӕ, ӕххӕст кӕнынц сӕ хӕс райгуырӕн бӕстӕйы раз. Ирыстон хъахъхъӕнгӕйӕ, уыдон сбӕлвырд кодтой кӕй сты сӕ кадджын фыдӕлты аккаг фӕдонтӕ. Мах зонӕм Гуырдзыстон хъуыды кӕны реваншыл, уымӕ гӕсгӕ мах хӕсджын стӕм фидар кӕнын нӕ хъахъхъӕнынады тыхтӕ", - загъта паддзахады разамонӕг Бибылты Анатолий йӕ раныхасы.

© Sputnik / Наталья АйриянӔфӕсӕддонтӕ райстой бӕрзонд паддзахадон хорзӕхтӕ президент Бибылты Анатолиййӕ ӕмӕ Абхазы хъахъхъӕнынады министрӕй
Майдантӕ, концерт ӕмӕ уазджытӕ:  ӕфсӕддонтӕ банысан кодтой дывӕр бӕрӕгбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕфӕсӕддонтӕ райстой бӕрзонд паддзахадон хорзӕхтӕ президент Бибылты Анатолиййӕ ӕмӕ Абхазы хъахъхъӕнынады министрӕй

Уый фӕстӕ Хъахъхъӕнынады министрады кусджытӕ цалдӕрӕй райстой паддзахадон хорзӕхтӕ президентӕй.

Майдантӕ "Защитнику Отечества" райстой Дзабиты Эдуард ӕмӕ Джиоты Ӕхсар, Бестауты Ацӕмӕзы рахицӕн кодтой майдан "В ознаменование 10-летия Победы в Отечественной войне народа Южной Осетии", майдан "На страже мира" райста Сланты Руслан, Кады грамотайӕ та рахицӕн кодтой Хъуылымбегты Сосланы.

Абхазы хъахъхъӕнынады министр ӕрцыд Хуссар Ирмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Абхазы хъахъхъӕнынады министр ӕрцыд Хуссар Ирмӕ

Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады сӕвзӕрдыл 26 азы сӕххӕсты бонмӕ ӕрцыдысты сӕ коллегӕтӕ ӕфсымӕрон республика Абхазӕй. Абхазы хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг Мераб Кишмария раарфӕ кодта бӕрӕгбоны фӕдыл ӕмӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта тыхст рӕстӕджы Абхазмӕ кӕй атындзыдтой ирон ӕфсӕддонтӕ ӕххуысмӕ.

"Бузныг зӕгъӕм Абхазмӕ цы хӕстонтӕ ныццыдысты, уыдон ныййарджытӕн. Хъыгагӕн Абхазы зӕххыл тохгӕнгӕйӕ фӕмард сты ирон лӕппутӕ. Бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕнт ӕмӕ уӕнт сабырад Хуссар Иры зӕххыл", - банысан кодта Мераб Кишмария.

© Sputnik / Наталья АйриянӔфӕсӕддонтӕ райстой бӕрзонд паддзахадон хорзӕхтӕ президент Бибылты Анатолиййӕ ӕмӕ Абхазы хъахъхъӕнынады министрӕй
Майдантӕ, концерт ӕмӕ уазджытӕ:  ӕфсӕддонтӕ банысан кодтой дывӕр бӕрӕгбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕфӕсӕддонтӕ райстой бӕрзонд паддзахадон хорзӕхтӕ президент Бибылты Анатолиййӕ ӕмӕ Абхазы хъахъхъӕнынады министрӕй
Ног хабӕртты лентӕ
0