"Бӕгъиаты" завод ӕмӕ Цхинвалы Хъӕды комбинатмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы модернизаци

© Sputnik"Бӕгъиаты" завод ӕмӕ Цхинвалы Хъӕды комбинатмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы модернизаци
Бӕгъиаты завод ӕмӕ Цхинвалы Хъӕды комбинатмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы модернизаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сӕудӕджерадон куыстуатты райрӕзты программӕ бацӕттӕ кодта Хуссар Ирыстоны сӕудӕджерад, транспорт ӕмӕ энергетикӕйы комитет

ЦХИНВАЛ, 22 фев - Sputnik. Сӕудӕджерад, транспорт ӕмӕ энергетикӕйы комитет куыстуатты разамонджытимӕ иумӕ бацӕттӕ кодта ӕмӕ бавдыста Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгадӕн "Сӕудӕджерадон куыстуатты райрӕзты программӕ", кӕцыйы фӕлгӕттӕ смодернизаци кӕндзысты "Бӕгъиаты" завод ӕмӕ "Цхинвалы Хъӕды комбинат". Уый тыххӕй фехъусын кодта комитеты сӕрдар Санахъоты Батрадз 2018 азы хатдзӕгты фӕдыл хыгъдон рабадты рӕстӕджы, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Донуадзæн завод Едысы - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Удæгас дон": Хуссар Иры бæрзонд хæххон хъæуы аразынц доны завод

Санахъоты Батрадз банысан кодта, ивгъуыд куыстуаттӕй "Бӕгъиаты" завод ӕмӕ Хъӕды комбинатӕй дарддӕр финансон-хӕдзарадон архайд ӕххӕст кодтой  "Электровибромашина", "Арӕзтадон ӕрмӕджыты завод" ӕмӕ "Хуссар Ирыстоны дзулфыцӕн куыстуат".

"Рауагъды иумӕйаг бӕрцуаты аргъ у 183961,2 мин сомы", - фехъусын кодта комитеты сӕрдар.

Фарон азмӕ абаргӕйӕ фӕфылдӕр кодтой сӕ рауагъды бӕрцуат "Хуссар Ирыстоны дзулфыцӕн куыстуат" ӕмӕ "Арӕзтадон ӕрмӕджыты завод".

Дзулфыцӕн завод 2018 азы рауагъта дзултӕ ӕртӕ процент фылдӕр (2784,3 тонн) 2017 азмӕ абаргӕйӕ,  ӕмӕ аст процент фылдӕр та кондитерон продукци.

"Арӕзтадон ӕрмӕджыты заводы" тыххӕй Санахъоты Батрадз банысан кодта, цӕттӕ продукцийы рауагъд фӕфылдӕр ис куыстуат арӕзтадон-цалцӕггӕнӕн куыстыты хайад кӕй райдыдта исын, уый тыххӕй.

"2019 азы куыстуат нывӕнды ауадзын мадзал, цӕмӕй фӕхуыздӕр уа сӕ продукцийы гъӕд, афтӕ ма ӕрбаздахын ӕлхӕнджыты дӕр", - бафтыдта комитеты сӕрдар.

Рабадты кӕрон хицауады сӕрдары хӕдивӕг Бекъойты Геннадий хорз саргъ кодта комитеты куыстӕн 2018 азы ӕмӕ банысан кодта йӕ ахсджиаг бынат паддзахады экономикон системӕйы.

 

 

Ног хабӕртты лентӕ
0